Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады пресс-службæйы хъусынгæнинаг

25 февралы информаци æмæ мыхуыры Паддзахадон комитеты Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Санахъоты Д.Г. ауагъта пресс-конференци. Уый уагъд æрцыдис «Æргом хицауады»-ы фæлгæтты.

Санахъоты Давид журналисттæн радзырдта Мæскуымæ йæ балцы фæстиуджыты тыххæй, кæцыран Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Лавров С.В. сæ къухтæ ‘рфыстой «Республикæ Хуссар Ирыстоны æмæ Уæрæсейы Федерацийы паддзахадон арæны тыххæй» бадзырдыл. Министр банысан кодта, зæгъгæ, «ацы бадзырдмæ гæсгæ дыууæ бæстæйы ‘хсæн арæн цæуы делимитаци æмæ демаркацийы пункттыл, кæцытæ нысан æрцыдысты хуссарирыстойнаг-уæрæсейаг къамисы иумиаг куысты фæстиуæгæн. Ацы документ сæ дзыхтæ хъуамæ рæхгæна Уæрæсейы ‘рдыгæй Хуссар Ирыстонимæ баиу кæныны, аннекси æмæ йæ оккупаци скæныны фæдыл æппæт радзур-бадзуртæн.

Уымæй дарддæр ма пресс-конференцийы æркастæуыдис Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрамæ чи хауынц, къорд ахæм фарстмæ дæр.

Цхинвал, 2015 азы 25 февраль

 

26.02.2015