Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады пресс-службæйы хъусынгæнинаг

Ацы аз 18 февралы Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Санахъоты Д.Г. официалон визиты фæлгæтты Мæскуыйы уыдис «Республикæ Хуссар Ирыстоны æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн паддзахадон арæны тыххæй» Бадзырдыл къухтæ 'рф‘ссыны церемони. Сæ къухтæ йыл æрфыстой: хуссарирыстойнаг фарсæй – Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Санахъоты Д.Г., уæрæсейаг фарсæй – Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Лавров С.В.

Бадзырдыл ма къухтæ ‘рфыссыны церемонийы хуссарирыстойнаг фарсæй хайад райстой Фæсарæйнаг хъуыддæгты Министры хæдивæг Коцты К.А., УФ РХИ Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Медойты Д.Н., фæсконфликтон ситуаци æрбæстон кæныны фæдыл РХИ Президенты Æххæстбарджын минæвар Джиоты М.К.

Ацы Бадзырд бакусын æмæ йыл къухтæ ‘рфыссын у ахсджиаг къахдзæф Хуссар Ирыстоны æмæ Уæрæсейы ‘хсæн æмкуысткæнынад райрæзын кæныны политикон сферæйы æмæ æхсæнпаддзахадон ахастыты бадзырдон-барадон базæйы. Паддзахадон арæны тыххæй Бадзырд æнæмæнгхъуыддаг у паддзахадон ахастыты системæйы кæцыфæнды сыхаг бæстæтимæ дæр. Документ хъæуы, дунеон-барадон статус лæвæрд цæмæй уа хуссайраг-уæрæсейаг арæнæн, афтæ ма уый тыххæй дæр, цæмæй дыууæ паддзахады ‘хсæн фидаргонд æрцæуой хорз хæларсыхагон ахастыты уавæртæ.

Раздæр ма бадзырдты цыды рæстæджы Хуссар Ирыстоны æмæ Уæрæсейы æттагонполитикон сæргълæуджытæ æруынаффæ кодтой, дыууæ бæстæйы ‘хсæн хæларадон ахастыты дарддæры фарстытыл, æхсæнпаддзахадон æмкуысткæнынадмæ æххæстформатонæй æрæвналын, æттагонполитикон æмахасты кæрæдзийæн актуалон дунеон проблемæты фæдыл хъуыдытæ дзурын, Фæскавказы стабилондзинад æмæ æдасдзинады фæдыл Женевæйы дискусситы фæлгæтты.

 

Цхинвал, 2015 азы 15 февраль

 

18.02.2015