Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады пресс-службæйы хъусынгæнинаг

4-6 майы Республикæ Хуссар Ирыстоны столицæ Цхинвалы æнхъæлмæ кастæуы Боливарианаг Республикæ Венесуэлайы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Хуан Висенте Паредеса Торреальбайы æрцыдмæ.

5 майы уагъд чи ‘рцæудзæнис, уыцы церемонийы Боливарианаг Республикæ Венесуэлайы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Хуан Висенте Паредес Торреальба Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Леонидмæ официалонæй ратдзæнис æууæнчы грамотатæ æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Санахъоты Давидмæ та – æууæнчы грамотаты хæлдихтæ.
Æууæнчы грамотатæ радтын Республикæ Хуссар Ирыстоны æмæ Боливарианаг Республикæ Венесуэлайы ‘хсæн æхсæнпаддзахадон ахастытæ рæзын æмæ фидар кæныны хъуыддаджы суыдзæн ноджыдæр иу ахсджиаг къахдзæф.

Æлдар Хуан Висенте Паредес Торреальба ацы посты баивта Минæвар Уго Хосе Гарсиа Эрнандесы.

Цхинвал, 2014 азы 3 май

 

Хуан Висенте Паредес Торреальба

Райгуырдис 1958 азы Каркасы, Венесуэла, дзуры испайнаг, францаг æмæ англисаг æвзæгтыл, ис ын бинойнаг æмæ дыууæ фырты.

1980 азы каст фæцис Венесуэлайы Æфсæддон Академи кæстæр лейтенанты чины, фистæг æфсады Æфсæддон аивад æмæ зонады дæсныйады фæдыл; 1993 азы райста Националон гарзджын тыхты (JUPFAN) Университетон политехникон институты инженеры системæйы титул; 1996 азы райста Сæрибаргæнæг Симон Боливарийы номыл Генералон штабы Уæлдæр æфсæддон скъолайы материалон-техникон ифтонгады диплом.

2001 азы йын лæвæрд æрцыдис уæлдæр иртасынадты æдасдзинад хъахъхъæныны «Гран Марискаль де Алкучо Антонио Хосе де Сукре-йы» националон институты Министры къæпхæн; 2002 азы райста Сæрибаргæнæг Симон Боливары номыл Уæлдæр Æфсæддон скъолайы зонæдты æмæ аивадон зонæдты Магистры къæпхæн; 2004 азы каст фæцис уæлдæр инженерон административон зонæдты Институты курсы 100-æм раззагон разамындгæнæг программæ æмæ 2013 азы та каст фæцис Педро Гуаляйы номыл уæлдæр дипломатон зонæдты институты курс.

Банысан кæнын хъæуы уый æмæ Минæвар Парадес Торреальба кæй куыста паддзахадон управленийы Националон гарзджын тыхты æмæ паддзахадон управленийы æндæр æмæ æндæр бынæтты, кæцыты æхсæн банысан кæнын хъæуы ахæмты: взводыл Командæгæнæг, ротæйыл Командæгæнæг, батальоныл Командæгæнæг, Боливарианаг æфсады информацион управленийы директоры хæдивæг, Боливарианы Националон Гарзджын Тыхты æнæниздзинад хъахъхъæныны фарстаты фæдыл Директор. Маракайбойы фистæг æфсады æмæ æфсæддон гарнизоны фыццаг дивизийы Командæгæнæг, Дыккаг командæгæнæг, æмæ Боливарианаг æфсады Генералон штабы хистæр, централон комплексон хъахъæнынады стратегион регионы сæргълæууæг, Боливарианаг æфсадыл командæгæнæг; сæрмагонд сконды офицер, материалон-техникон ифтонгады фæдыл æмæ Вегасы Боливарийы номыл иумиаг æфсады тыххæй докладгæнæг, сурзæххон службæйы транспорты (SETRA) Автономон службæйы Генералон директор, интеграцион æмæ арæнгæрон фарстаты (COPIAF) фæдыл Президенты æххæстбарджын минæварсурзæххон транспорты Националон институты (INTTT) Президент æмæ националон ассамблейы Сæрдары уынаффæгæнæг.

 

14.05.2014