Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады пресс-службæйы хъусынгæнинаг

25 апрелы, Мæскуыйы, Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæстæ æххæстгæнæг Санахъоты Д.Г. фæмбæлд статс-секретарь – Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæдивæг Г.Б. Карасинимæ æмæ сын уыдис консультацитæ.

Фембæлды кæрæдзийæн лæмбынæгæй сæ хъуыдытæ загътой, дыууæ фарсæн дæр цымыдисон чи сты, уыцы дывæрсыг ахастыты актуалон фарстаты тыххæй, афтæ ма бæлвырд æрцыдысты æндæр къабæзты дыууæ бæстæйы интерестæн бындурон куыстыты фæдæздæхты дарддæры рæзтмæ.

Фæрстæ ма æрдзырдтой Украинайы уавæры тыххæй дæр. Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæстæ æххæстгæнæг Санахъоты Д.Г. йе ‘мзæрдæдзинад загъта Украинайы ситуацийы фæдыл Уæрæсейы позициимæ.

Уымæй дарддæр ма фембæлды рæстæджы лæмбынæгæй æркастæуыдис Фæскавказы стабилондзинад æмæ æдасдзинады фæдыл Женевæйы дискусситы боны фæткмæ.

Фæрсты хъуыдымæ гæсгæ, консультацийы фæстиуджытæ сæ бавæрд бахæсдзысты дыууæ бæстæйы ‘хсæн ахастыты æхсæнуагдонон æмкуысткæнынадмæ.

 

Цхинвал, 2014 азы 25 апрель

 

05.05.2014