Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады пресс-службæйы хъусынгæнинаг

2014 азы 25 апрелы уыдис Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæсты æххæстгæнæг Санахъоты Д.Г., Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр С.В. Лавров æмæ Абхазы Республикæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр В.А. Чирикбайы кусæгон фембæлд.

Хуссар Ирыстоны æмæ Уæрæсейы ‘хсæн фембæлдтыты фæлгæтты къухтæ фыст æрцыдысты 2014-2015 азты æхсæнмидхъуыддæгты консультациты планыл.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæсты æххæстгæнæг Санахъоты Давид йæ раныхасы банысан кодта, «зæгъгæ, дунейы кæд уавæртæ тагъд ивынц, уæддæр бæстæты ахастытæ сты стабилон æмæ рæзынц хæларадон уавæрты, мах афтæ хъуыды кæнæм æмæ дарддæр дæр рæздзысты ахæм æгъдауыл».

Фембæлды фæстæ Санахъоты Д.Г. æмæ Чирикба В.А. хорзæхджын æрцыдысты Уæрæсейы Федерацийы мидæггагон хъуыддæгты уагдоны уæлдæр хорæхтæй – риуылдарæн нысанттæ «Дунеон æмкуысткæнынадмæ хайбавæрд бахæссыны тыххæй».

Цхинвал, 2014 азы 25 апрель

 

05.05.2014