Республикæ Хуссар Ирыстоны æмæ Республикæ Никарагуайы ‘хсæн дипломатон ахастытæ атæзт кæй æрцыдисты,афтæ ма Республикæ Никарагуамæ æппынæдзухон бастдзинæдты рæзтæн фарсхæцындзинады æнæмæнгхъæуындзинадмæ гæсгæ Республикæ Хуссар Ирыстоны президент Кокойты Э.2011 азы 26 июлы Указмæ гæсгæ арæзт æрцыдис Республикæ Хуссар Ирыстоны минæварад Республикæ Никарагуайы,кæцыйæн йæ резиденци уыдзæнис г. Цхинвалы.
Archive
18-19 июлы Республикæ Хуссар Ирыстоны кусæгон визиты уыдис Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуддæгты министрады делегации.Делегацийы сконд уыдысты Хæдбар Паддзахадты Цæдисы Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты 4-æм Департаменты Директоры хæдивæг А.А.Дивнянин æмæ УФ Фæсарæйнаг хъуддæгты министры Уынаффæгæнг М.М.Кулахметов.
Делегацийы визиты фæлгæнтты йæхимæ райста Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты М.К.
2011 азы 19 июлы Республикæ Хуссар Ирыстоны фæсконфликтон уавæр æрбæстон кæныны фæдыл фембæлд уыдис Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты Æххæстбарджын Минæвар Цоциты Б.Е.,Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты М.К.,РХИ Президенты Паддзахадон Уынаффæгæнæг Коцты К.К.Фæскавказы æдасдзинады фæдыл Женевæйы дискусситы Æмсæрдæрттимæ.
Фембæлды уынаффæ цыдис,2011 азы октябры Женевæйы уагъд чи цæудзæнис, уыцы дискусситæм бацæттæ кæныны фарстатыл.
2011 азы 14 июлы Республикæ Хуссар Ирыстоны нысан цæуы Фидауынгæнджыты бон.
Фарст: Тбилисы уагъд цæуы НАТО-Гуырдзыстоны иумиаг конференции.Конференцийы сæйраг темæ-Цæгат-Атлантикон альянсимæ Гуырдзыстоны иумиаг плантæ.
Фæстаг азты цаутæ нын дæттынц афтæ зæгъыны фадат æмæ дуне фылдæр зонын кæй райдыдта рæстдзинад. 2008 азы Хуссар Ирыстоны ныхмæ гуырдзиаг агрессийы тыххæй. Алкæмæн дæр хорз зындгонд у швецариаг дипломат Хайди Тальявинийы августы хæсты фæстæ чи сырæзтис, Евроцæдисы уыцы хæдбар къамисы Доклады сæйраг хатдзæг хæст растдæр Гуырдзыстон кæй райдыдта, уый тыххæй. Фæстаг рæстæджы публикациты банысан кæнын хъæуы Гуырдзыстоны Францы минæвар Эрик Фурнье гуырдзиаг журнал «Тбилиселеби»-йæн цы интервью радта, уый.
2011 азы 22 июлы Дзауы районон тæрхондон уынаффæ рахаста Гуырдзыстоны дæс æмбæстаджы административон федтæдуар кæныны тыххæй, кæцыты 18-19 июны æрцахстой хуссарирыстойнаг арæнхъахъхъæнджытæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Дзауы районы Къозы хъæумæ хæстæг Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны ‘хсæн арæныл æнæзакъонæй кæй æрбахызтысты, уый тыххæй. Абон уыдон феттæдуар кодтой Гуырдзыстонмæ.
Республикæ Хуссар Ирыстоны æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн къухтæ фыст æрцыдысты къордывæрсыг фидыдыл. Сæ архайд.
2011 азы 18 æмæ 19 июны Республикæ Хуссар Ирыстоны Дзауы районы Къозы хъæумæ хæстæг æрцахстæуыдис Гуырдзыстоны дæс æмбæстæджы, кæцытæ фехæлдтой Республикæ Хуссар Ирыстоны æмæ Гуырдзыстоны арæныл ахизыны режим. Семæ ныртæккæ хуссарирыстойнаг æмбæлон службæты кæнынц слестгæнæн куыст æмæ куы фæуой, уæд æрмæджытæ æрвыст æрцæудзысты тæрхондонмæ.
2011 азы 31 майы Республикæ Хуссар Ирыстоны президент Кокойты Эдуарды Указæй РХИ Президенты Паддзахадон Уынаффæгæнæг Козаты Нарим Захары фырт нысан æрцыдис Хуссар Ирыстоны Æххæстбарджын Минæварæй Боливариайнаг Республикæ Венесуэлайы.
Цыбыр биографион зонæнтæ:
Козаты Нарим Захары фырт райгуырдис 1965 азы 24 февралы г. Цхинвалы. 1982-1988 æзты ахуыр кодта Дзæуджыхъæуы Хæххон Хъæууонхæдзарадон институты. 2009 азæй фæстæмæ у УФ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады Дипломатион академийы хъусæг. Ис ын РХИ паддзахадон хорзæхтæ.
Цхинвал, 14 июнь 2011 азы
2008 азы августы хæсты рæстæджы хæстон архайдтыты фæстæ цалдæр къуырийы дæргъы Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны паддзахадон арæнгæрон æбæрæг сæфт фесты республикæ Хусср Ирыстоны сабыр цæрæг авд æмбæстаджы. Æбæрæгæй чи фесæфтысты, уыдон æхсæн уыдысты æнæхъом ирон æмбæстæгтæ дæр.
Республикæ Абхазы Президент Багапш Сергей Уасилы фырт кæй кæны æмæ хъыгзæрдæсты арф æнкаърæнтимæ æрвиты тæфæрфæсы тел, Республикæ Абхазы президент Багапш Сергей Уасилы фырты йæ цардæй æнæафоны ацыды тыххæй. Сергей Василы фырты номимæ баст у Абхазы историйы ног дуг, стыр ивындзинæдты, демократон рацæрæзтыты æмæ бæрнон уынаффæйы рæстæг.