Archive

Хуссар Ирыстоны нæ хатынц Гуырдзыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады хъусынгæнинаг æмæ уый фæстæ Гуырдзыстоны уæвæг АИШ минæвар Ричард Норланды æмæ европæйаг сыхагдзинады политикæ уæрæхдæр кæныны Еврокомиссар Штефан Фюлейы дзырдтæ хуссарирыстойнаг фарсы ‘рдыгæй Хуссар Ирыстоны æмæ Гуырдзыстоны арæнарæзтады фæдыл цы мадзæлттæ æххæст кæнынц, уый тыххæй.

2013 азы 30 сентябры Республикæйы Хуссар Ирыстоны Приднестровьейы Молдаваг Республикæйы Официалон Минæварады Сæргълæууæг С. В. Сураго хайад райста, Абхазы Хæдбардзинады бон æмæ Абхазы адæмы Фыдыбæстæйон хæсты Уæлахизы 20-азон юбилейы цытæн г. Тирасполы Республикæ Абхазы Минæварады уагъд чи цыдис, уыцы химæрайсты.

Фæстаг рæстæджы Республикæ Хуссар Ирыстоны æмæ Гуырдзыстоны ‘хсæн паддзахадон арæны районы уынæм, карздæр чи кæны, ахæм провокацион истери. Уый цæуы Гуырдзыстоны къухдариуæгад æмæ йæ ныгуылæйнаг партнертæй.

Официалон Тбилис, мæнг бæлвырдгæнæнтæ парахат кæнгæйæ, цыма арæны хахх гуыррдзиаг территорийы мидæмæ бахæсгæйæ, полици æмæ журналистты ‘ххусæй рапарахат кодтой протестон акцитæ Хуссар Ирыстоны æмæ Гуырдзыстоны ‘хсæн паддзахадон арæн кæуылты цæуы, уый снысан кæныны тыххæй, цы мадзæлттæ ‘ххæст цæуынц, уый фæдыл, бынæттон цæрджыты дæр дзы хæццæ кæнгæйæ.

18 сентябры Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Санахъоты Давид фембæлдис Итали æмæ Хуссар Ирыстоны `хсæн Хæлардзинады æхсæнады Президент профессор Мауро Мурджиаимæ. Фембæлды ма уыдис Италиæмæ Хуссар Ирыстоны `хсæн Хæлардзинады æхсæнады уæнг Джорджио Лоренци.

2013 азы 17 сентябры нысан цæуы Уæрæсейы Федераци æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны ‘хсæн Хæлардзинад, æмгуыстад æмæ кæрæдзийæн æххуысы фæдыл бадзырдыл къухтæ æрфыссыны 5 азы сæххæсты бон. Ацы боны нысаниуæджы тыххæй ПТРК «Ир»-æн йæ интервьюйы комментарий радта Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Санахъоты Давид.

2013 азы 11 сентябры Фæскавказы конфликтон фарстатæ æрбæстон кæныны фæдыл Женевæйы дискусситы хуссарирыстойнаг делегацийы хайадисджытæн Президенты Æххæстбарджын Минæвар Джиоты Мураты сæргълæудæй Цхинвалы кусæгон фембæлд уыдис Æмсæрдæрттимæ ЕЦ, ЕЦÆО æмæ ИНО-йæ.

Баныхæсты рæстæджы дыууæ фарсы бауынаффæ кодтой, 2013 азы ноябры чи хъуамæ уа, дискусситы уыцы радон раундмæ бацæттæ кæныны фæдыл.

Италимæ йæ кусæгон визит дарддæр кæнгæйæ, Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Санахъоты Давид 10 сентябры Римы Конференц-центр Roma Eventi-йы ауагъта пресс-конференци. Конференцийы уыдысты «La Repubblica», «Фамилья кристиана», «Евразия», ИТАР-ТАСС-ы журналисттæ æмæ Италийы Уæрæсейы Минæварады минæвæрттæ.

2013 азы 9 сентябры нысан цæуы Республикæ Хуссар Ирыстоны æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн дипломатон ахастытæ арæзт куы ‘рцыдысты, ууыл фондз азы сæххæсты бон. Ацы нысаниуæгджын боны нысаниуæджы тыххæй ПТРК «Ир»-æн йæ интервьюйы комментарий дæтты РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты Министры фыццаг хæдивæг Цхуырбаты Казбулат.

4 сентябры Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр ацыдис кусæгон визиты Италийы Республикæмæ æмæ йын уыдис къорд фембæлды.

Сæрмагондæй та, 4 сентябры министр фембæлдис парти SEL депутат Лара Ричаттимæ. Фембæлды рæстæджы депутат ныфсдзинад загъта, зæгъгæ, Италимæ министры фыццаг визит уыдзæнис æнтысджын æмæ Хуссар Ирыстон æмæ Италийы ‘хсæн бастдзинæдтæ кæндзысты фидар æмæ уæрæх.

2013 азы 26 августы Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Санахъоты Давид фембæлдис Республикæ Абхазы Хицауады Сæрдары хæдивæг Беслан Эшба æмæ Республикæ Абхазы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæдивæг Олег Аршбаимæ, кæцытæ Цхинвалмæ ‘рцыдысты, Уæрæсейы Федераци Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад кæй банымадта, ууыл 5 азы сæххæсты бæрæгбонон мадзæлтты хайад райсынмæ. Фембæлды ма уыдис Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæдивæг Коцты Алан дæр.

2013 азы 26 августы Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Санахъоты Давид фембæлдис Хæххон-Карабахы Республикæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады аппараты къухдариуæггæнæг-Генералон нымæрдар Семен Афиянимæ, кæцы ХКР делегацийы сконды æрцыдис, Республикæмæ Уæрæсейы Федераци Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад куы банымадта, ууыл 5 азы сæххæсты бæрæгбонмæ. Фембæлды ма уыдис адæймаджы барты фæдыл Хуссар Ирыстоны Президенты цур Бæрнджын Тасойты Инал дæр.

2013 азы 20 августы Абхазы Республикæйы Республикæ Хуссар Ирыстоны Æххæстбарджын Минæвар Боциты Олег Республикæ Абхазы Президент Александр Анквабмæ радта æууæнчы грамота.

Александр Анкваб ын раарфæ кодта бынаты урæд кæй æрцыдис, уый тыххæй æмæ йын загъта йæ куысты йын æнтыстытæ цæмæй уа, ахæм фæндиæгтæ. Боциты Олег йæхи рады загъта, æппæт тыхтæ дæр кæй здахдзæнис дыууæ æфсымæрон адæмты – Хуссар Ирыстоны æмæ Абхазы ‘хсæн ахастытæ дарддæр рæзын кæнынмæ.

Цхинвал, 2013 азы 20 август