Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады пресс-службæйы хъусынгæнинаг

Италимæ йæ кусæгон визит дарддæр кæнгæйæ, Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Санахъоты Давид 10 сентябры Римы Конференц-центр Roma Eventi-йы ауагъта пресс-конференци. Конференцийы уыдысты «La Repubblica», «Фамилья кристиана», «Евразия», ИТАР-ТАСС-ы журналисттæ æмæ Италийы Уæрæсейы Минæварады минæвæрттæ.

Министр, пресс-конференцийы чи уыд, уыдонæн загъдта, зæгъгæ, йæ визиты нысан у, цæмæй æххæст æрцæуой æндæр æмæ æндæр æмвæзадыл контакттæ æмæ бастдзинæдтæ. Санахъоты Давид банысан кодта, зæгъгæ, «Нæ паддзахады разы лæууæг ахсджиагдæр хæстæй иу у дунеон изоляцийæ рахизын, æмæ мах æппæт дæр аразæм, цæмæй нæ Республикæ тагъд рæстæджы суа дунеон æмæхсæнады æмбар уæнг».

Уый журналисты базонгæ кодта Хуссар Ирыстоны историимæ, радзырдта сын Хуссар Ирыстоны адæм сæ хæдбардзинадмæ цахæм сындзджын фæндагыл рацыдысты, уыдæттимæ, афтæ ма йæ паддзахаддзинад банымайынмæ фæндаджы тыххæй дæр. Уымæй дарддæр ма министр банысан кодта, зæгъгæ, дунеон æмæхсæнады ‘рдыгæй РХИ-йы хæдбардзинады дарддæры нымайыны хъуыддагæн гуырдзиаг дипломаттæ, сæ ныгуылæйнаг партнерты æххуысæй, æвæрынц æппæт гæнæнуæвæг ныхдуртæ.

Дарддæр та Санахъоты Давид Италийы Уæрæсейы Минæварады фембæлдис Италийы Уæрæсейы минæвар Сергей Разовимæ.

Цхинвал, 2013 азы 11 сентябрь

 

11.09.2013