2013 азы 26 августы Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Санахъоты Давид фембæлдис Республикæ Абхазы Хицауады Сæрдары хæдивæг Беслан Эшба æмæ Республикæ Абхазы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæдивæг Олег Аршбаимæ, кæцытæ Цхинвалмæ ‘рцыдысты, Уæрæсейы Федераци Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад кæй банымадта, ууыл 5 азы сæххæсты бæрæгбонон мадзæлтты хайад райсынмæ. Фембæлды ма уыдис Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæдивæг Коцты Алан дæр.
Хæларадон ныхæсты рæстæджы дыууæ фарсы дæр кæрæдзийæн раарфæ кодтой нысаниуæгджын бæрæгбоны цытæн, кæцы у Хуссар Ирыстоны æмæ Абхазы иууыл ногдæр историйы фæсасты этап. Уымæй дарддæр ма фембæлды æркастæуыдис дарддæр æмархайды иуæй-иу аспекттæм æмæ дывæрсыг æмгуыст кæныны фарстатæм дæр.
Цхинвал, 2013 азы 26 август