Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады пресс-службæйы хъусынгæнинаг

2013 азы 11 сентябры Фæскавказы конфликтон фарстатæ æрбæстон кæныны фæдыл Женевæйы дискусситы хуссарирыстойнаг делегацийы хайадисджытæн Президенты Æххæстбарджын Минæвар Джиоты Мураты сæргълæудæй Цхинвалы кусæгон фембæлд уыдис Æмсæрдæрттимæ ЕЦ, ЕЦÆО æмæ ИНО-йæ.

Баныхæсты рæстæджы дыууæ фарсы бауынаффæ кодтой, 2013 азы ноябры чи хъуамæ уа, дискусситы уыцы радон раундмæ бацæттæ кæныны фæдыл.

Хуссарирыстойнаг фарс, арæнгæрон территориты æдасдзинады фæдыл къухты размæдзыд кæй бафтыдис, уый банысан кæнгæйæ, ныфсдзинад загъта, тыхæй ма спайда кæныны тыххæй фидыдыл къухтæ фыст кæй æрцæудзысты, уый тыххæй.

Визиты рæстæджы Женевæйы дискусситы Æмсæрдæрттæ фембæлдысты 2008 азы августы Гуырдзыстоны агрессийы фæстиуæгæн Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæй æбæрæгæй чи фесæфт, уыдон хæстæджытимæ.

Цхинвал, 2013 азы 11 сентябрь

 

11.09.2013