Фæстаг рæстæджы Республикæ Хуссар Ирыстоны æмæ Гуырдзыстоны ‘хсæн паддзахадон арæны районы уынæм, карздæр чи кæны, ахæм провокацион истери. Уый цæуы Гуырдзыстоны къухдариуæгад æмæ йæ ныгуылæйнаг партнертæй.
Официалон Тбилис, мæнг бæлвырдгæнæнтæ парахат кæнгæйæ, цыма арæны хахх гуыррдзиаг территорийы мидæмæ бахæсгæйæ, полици æмæ журналистты ‘ххусæй рапарахат кодтой протестон акцитæ Хуссар Ирыстоны æмæ Гуырдзыстоны ‘хсæн паддзахадон арæн кæуылты цæуы, уый снысан кæныны тыххæй, цы мадзæлттæ ‘ххæст цæуынц, уый фæдыл, бынæттон цæрджыты дæр дзы хæццæ кæнгæйæ.
Уавæр фæкарздæр кæныны фæстаг бынат, мыййаг, нæ ахсы Гуырдзыстонæн йæхи мидæг ныртæккæ цы президентон æвзæрстыты размæйы кампани цæуы, уый фæстиуæгæн æндыгъд политикон ситуаци. Вазыгджын мидæггагон политикон уавæрты уæвгæйæ, æттагон знаг агурын гуырдзиаг къухдариуæгадæн ссис æнæфæцудгæ аксиома æмæ бирæ азты дæргъы æнæкъуылымпытæ æндавы æхсæнадон хъуыдытыл, адæмæн сæ карз проблемæтæй хъуыды æндæры ‘рдæм здахгæйæ.
Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнæг хъуыддæгты министрад радон хатт бæлвырд кæны Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны паддзахадон арæны хахх кæуылты цæуы, уый бынаты бæлвырд кæнгæйæ, æппæт инженерон куыстытæ дæр æххæст кæй цæуынц Республикæ Хуссар Ирыстоны закъондæттынадæн æххæстæй дзуапп дæтгæйæ, æмæ æрмæстдæр Республикæ Хуссар Ирыстоны территорийыл. РХИ Паддзахадон æдасдзинады комитеты службæ, паддзахадон арæн аразгæйæ, цы мадзæлттæ æххæст кæны, уыдон ницы хуызы нæ халынц Гуырдзыстоны территориалон æнæхъæндзинады суверенитет.
Уымæй дарддæр ма цæуы ахæм информаци, зæгъгæ, 2013 азы 28 сентябры Гуырдзыстоны официалон хицæуттæ хъавынц, цæмæй Республикæ Хуссар Ирыстоны арæнгæрон сæххæст кæной протесты цалдæр егъаумасштабон акцийы, уыцы нымæцы 100 журналистæй фылдæр хайад кæм райсой, ахæм дæр.
Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад дунеон æмæхсæнады хъусдард здахы, Гуырдзыстоны хицауиуæгад кæй хъавы арæнгæрон районты ситуаци фæкарздæр кæнынмæ æмæ уымæн та йæ бон у æмæ уавæр æркæна серьозон дестабилизацимæ. Афтæ æмæ гæнæнуæвæг фæстиуджыты тыххæй бæрндзинад æвæрд цæудзæнис гуырдзиаг фарсы разамынадыл.
Цхинвал, 2013 азы 26 сентябрь