Кæфты мæйы 14-æм бон Адæймаджы барты фæдыл Европæйы тæрхондон радон хатт сарæзта иуфарсон, субъективон къахдзæф æмæ райста Уæрæсейы ныхмæ Гуырдзыстоны иск, кæцымæ гæсгæ Европæйы цæдисы æхсæнадæмон къамисы 'рдыгæй агрессорыл нымад Гуырдзыстонæн хъуамæ лæвæрд æрцæуа компенсаци 253 млн евройы. Компенсаци у 2008 азы конфликтимæ баст афтæ хуыйнæг адæймаджы бартæ фехалыны фæдыл.
Archive
Мæскуыйы Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады Хуссар Ирыстоны ФХъМ-йы сæрдар Джиоты Æхсары хайадистæй цæуынц Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы æддагполитикон уагдæтты минæвæртты фембæлдтытæ.
Бастдзинæдтæ здæхт сты æмгуыстад фæуæрæхдæр кæнын, афтæмæй ма консультациты æхсæнуагдонон пъланы фæлгæтты æмархайд æрбæстон кæнынмæ. Ахæм фембæлдтытæ цæудзысты арæхдæр.
2025 азы кæфты мæйы 14-æм бон
Кæфты мæйы 10-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады ацыд паддзахадон æмæ уагдонон хорзæхтæ раттыны церемони.
Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар схорзæх кодта паддзахадон æмæ уагдонон хæрзиуджытæй дипломатон службæйы кусджыты, кæцытæ уæзгæ хайбавæрд бахастой Республикæ Хуссар Ирыстоны сырæзтæй 35 азы рацыды цытæн мадзæлтты рæстæджы.
Афтæмæй ма Министрады кæцыдæр кусджытæн лæвæрд æрцыдысты дипломатон рангтæ.
Женевæйы кæфты мæйы 8-æм бон Адæймаджы барты фæдыл ИНО-йы Совет райста афтæ хуыйнæг Гуырдзыстоны оккупацигонд территоритыл резолюци – «Гуырдзыстонимæ Æмгуыстад», æмæ радон хатт равдыста йæ «политикон цухдзинад».
Хъыгагæн, кæддæр номдзыд æхсæнадæмон орган, йæ традицитæ æмæ уагæвæрды принципты сæрты ахизгæйæ, бынтондæр фесæфта рæстдзинад æмæ профессионализм.
Кæфты мæйы 9-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Гаглойты Алан ауагъта фембæлд Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсаримæ, кæцы радзырдта кæфты мæйы 1-æм бон Сочийы ацæугæ Уæрæсейы Федерацийы ФХъМ-йы сæрдар Сергей Лавровимæ фембæлды фæстиуджытыл.
Джиоты Æхсар бæстонæй радзырдта уæрæсейаг коллегæимæ фембæлды фæдыл. Дыууæ фарс дæр æрдзырдтой дывæрсон ахастыты райрæзтыл.
Кæфты мæйы 6-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар райста йæхимæ Республикæ Хуссар Ирыстоны уæвæг Сырх Дзуары Æхсæнадæмон Комитеты Сæрдар Саид Ассадуллайы.
Ныхасы рæстæджы æрдзырдæуыд Хуссар Ирыстоны уæвæг СДÆК-ы Минæварады гуманитарон проекттимæ баст практикон фарстатыл. Афтæмæй ма хъуыдытæ загъдæуыд æндæр актуалон гуманитарон фарстатыл.
Рухæны мæйы 22-æм бонæй кæфты мæйы 3-æм бонмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады кусджытæ Уæрæсейы ФХъМ-йы Дипломатон академийы Мæскуыйы рацыдысты квалификаци фæуæлдæр кæныны фæдыл курсытæ, кæцыты темæ уыд «Æхсæнадæмон ахастытæ. Уæрæсейы æддагон политикæ».
Курсытæ уагътой Академийы лектортæ æмæ æрхонгæ эксперттæ. Уымæй дарддæр ма курсыты фæлгæтты ацыд Уæрæсейы Федерацийы ФХъМ-йы минæвæрттимæ фембæлд, кæцыйыл æрдзырдæуыд дывæрсон ахастыты актуалон фарстатыл.
Программæйы фæуды Хуссар Ирыстоны минæвæрттæн лæвæрд æрцыдысты Сертификаттæ.
Кæфты мæйы 1-æм бон Сочийы ацыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар, Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Сергей Лавров æмæ Республикæ Абхазы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Олег Барцицы æртæфарсон фембæлд.
Фембæлды рæстæджы æрдзырдæуыд актуалон фарстатыл. Уæлдай хъусдард аздæхтæуыд регионалон æдасдзинады проблемæтæ, Фæскавказы Æдасдзинад æмæ стабилондзинады фæдыл æхсæнадæмон дискусситы фæлгæтты иумæйаг архайды координацимæ.
2025 азы кæфты мæйы 1-æм бон
Кæфты мæйы 1-æм бон Сочийы ацæугæ фембæлды фæстиуæгæн Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар æмæ Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Сергей Лавров бафыстой Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад æмæ Уæрæсейы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады 'хсæн 2026-2017 азтæм Консультациты пълан.
Кæфты мæйы 1-æм бон Сочийы ацыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар æмæ Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Сергей Лавровы фембæлд.
Ныхас ацыд конструктивон æмæ хæларадон уавæры, æддагполитикон уагдæтты къухдариуæггæнджытæ æрдзырдтой дывæрсон æмгуыстады фарстатыл, регионалон æмæ æхсæнадæмон хъуыддæгты æмгуыстады сæйрагдæр здæхтытыл, се ‘хсæн Фæскавказы Æдасдзинад æмæ стабилондзинады фæдыл æхсæнадæмон дискусситы хайадист.
Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар арвыста арфæйы фыстæг Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты экс-министр Джиоты Мурæтмæ юбилейы цытæн.
Сæрмагондæй, арфæйы дзырдæуы:
«Æнæдызæрдыгæй дæ нымайынц хуссарирыстойнаг дипломатийы символыл, дæ политик, ахуыргонд, кæцыйы цардвæндаг у бæстæ æмæ адæмæн кад кæныны ирд дæнцæг. Цытджын Мурæт Кузьмайы фырт, ды хайджын дæ куырыхондзинад æмæ æцæг патриотизмы миниуджытæй æмæ дын ис æгæрон авторитет де ‘мзæххонтæ, стыр цыт дæ коллегæтæ æмæ æхсæнадæмон партнерты ‘хсæн.
Республикæ Абхазы Уæлахизы æмæ Хæдбардзинады боны фæдыл Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар арвыста арфæйы фыстæг Республикæ Абхазы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Олег Барцицмæ.
Сæрмагондæй, арфæйы дзырдæуы: