Сообщения МИД РЮО

Archive

Сочæйы «Гуырдзиаг-ирон конфликт æрбæстон кæныны принципты фæдыл» Фидыдыл къух æрфыссыны боныл 25 азы сæххæсты тыххæй

24 июны æххæст кæны дыууын фондз азы историон цау – сочæйаг фидыдтытыл «Гуырдзиаг-ирон конфликт æрбæстон кæныны приципты фæдыл» къух æрфыссыныл.

22 июны Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты Министр Медойты Димитр йæхимæ райста Республикæ Хуссар Ирыстоны Æхсæнадæмон Сырх Дзуары Минæварады Комитеты Сæргълæууæг Фаррух Исломовы.

Ныхасы рæстæджы дзырд цыд Минæварад Хуссар Ирыстоны цы архайд кæны, уыцы фарстатыл. Сырх Дзуары Минæварады Сæргълæууæг радзырдта Министрæн организаци гуманитарон проблемæтæ куыд скъуыддзаг кæны, уый сæйраг здæхтыты тыххæй æмæ организацийы пъланты тыххæй æввахс периоды.

Банысангонд æрцыд Æбæрæгæй сæфтыты агурыны Æртæварсон координацион механизмы куысты ахсджиагдзинаг.

20 июны Хуссар Ирыстоны уагъд æрцыд ирон адæмы историйы тугæйдзаг бонтæй иу – 1920 азы 13 коммунары фехстыл 97 азы рацыды номарæн фыдохы митинг. Ирон адæмы сæрибардзинады сæраппонд сæ цард радтæг хъайтарты ном ссарынæн Згъудеры бæрзæндмæ мемориалон цыртмæ ссыдысты РХИ Президент Бибылты А.И., РХИ Хицауады Сæрдар Пухаты Э.Г., РХИ Паламенты Сæрдар Гасситы П.Л., Хицауады уæнгтæ, Парламенты депутаттæ, Республикæйы æхсæнады минæвæрттæ.

Паддзахады Сæргълæууæг йæ раныхасы банысан кодта, Хуссар Ирыстоны национал-сæрибаргæнæн змæлды кæй ис бирæ трагикон датæтæ, уый.

19 июны Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Медойты Д.Н. йæхимæ райста Республикæ Дагестаны минæвар Республикæ Хуссар Ирыстоны М.М.Шамиловы.

Ныхасы рæстæджы дзырд цыд Хуссар Ирыстоны æмгуыстады фарстатыл Цæгат Кавказы республикæтимæ æмæ традицион чи сты, уыцы хæларадон ирон-дагестайнаг ахастыты дарддæры райрæзтыл, уыдоны æхсæн гуманитарон, культурон æмæ базарадон-экономикон бастдзинæдты рауæрæх кæныныл.

13 июны Цхинвалы Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры номæй Министрады сæвзæрды 25 азы цытæн уагъд æрцыд цытджын райст. Мадзалы хайад райстой РХИ Президент Бибылты Анатоли, РХИ премьер-министр Пухаты Эрик, РХИ Парламенты Сæрдар Гасситы Петр, Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвæрттæ: УФ – Карджиаты Эльбрус, Абхазы – Елбачиты Алан, ДМР – Коцты Егор æмæ æндæр официалон адæймæгтæ.

13 июны Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли РХИ ФХМ сæвзæрдыл 25 азы сæххæсты цытæн паддзахадон хорзæхтæ радта Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады къорд ветерантæ æмæ кусджытæн.

«Хæларады орден»-æй хорзæхджын æрцыд:

Джиоты Иваны фырт Уырызмæг– РХИ Æддагон бастдзинæдты фыццаг министр.

«РХИ дипломатон службæйы сгуыхт кусæджы» кадджын номæй хорзæхджын æрцыдысты:

Медойты Никъалайы фырт Димитр – РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр.

Цхуырбаты Викторы фырт Андрей - РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры фыццаг хæдивæг.

Брюсселы дарддæр цæуынц «Ирон культурæйы бонтæ», кæцытæ ныр цалдæр азы дæргъы æрвылаз уадзы ассоциаци «Ренесанс-Сæндидзæн» Пухаты Радионы сæргълæудæй. Баконды кадджын церемонийы хайад райста Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæдивæг Коцты А.К. Уый Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты А.И. номæй æмæ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Медойты Д.Н. номæй бакаст арфæйы ныстуантæ.

2 июны Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Медойты Д.Н. йæхимæ райста къорд абитуриентты, кæцытæн Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад радта ахуыры рекомендаци УФ ФХМ Дипломатон Академимæ.

2 июны Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Медойты Димитр фембæлд Днестргæрон Молдаваг Республикæйы Официалон минæварад Республикæ Хуссар Ирыстоны сæргълæууæг Коцты Е.Э.

Æууæнкджын, хъарм æмæ конструктивон атмосферæйы уагъд ныхасы рæстæджы сæйраг хъусдард здæхт уыд хуссарирыстойнаг-днестргæройнаг хæларадон ахастыты дарддæры райрæзты актуалон фарстатæм.
Официалон минæварады сæргълæууæг ДМР ФХМ къухдариуæгады номæй æмæ йæхи номæй раарфæ кодта Медойты Димитрæн бæрзонд бынатмæ нысангонд кæй æрцыд, уый фæдыл.

Республикæ Хуссар Ирыстоны делегаци Президент Бибылты А.И. сæргълæудæй хайад исы Петербурджы XXI æхсæнадæмон экономикон форумы (ПМЭФ).

Делегацийы сконды сты РХИ Финансты министр Хæбæлаты А.К. æмæ РХИ Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар УФ-йы Гасситы З.Н.

ПМЭФ-ы пленарон рабадты фæстæ хуссарирыстойнаг делегацийæн хъуамæ уа кусæгон фембæлдтытæ УФ-йы субъектты сæргълæуджытимæ, политикон архайджытимæ, егъау амалиуæгон куыстуæтты къухдариуæггæнджытимæ.

1 июны Бибылты А.И. фембæлд Сербаг Республикæйы Президент Милорад Додикимæ.

1 июны Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Медойты Димитр йæхимæ райста Республикæ Абхазы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Республикæ Хуссар Ирыстоны Елбачиты Аланы.

Минæварæн арфæтæ ракæнгæйæ, Медойты Димитр бахахх кодта, Хуссар Ирыстон æмæ Абхазæн кæй ис традицион хæларадон ахастытæ æмæ абхазаг партнертимæ та æргом æмæ æууæнкджын диалог æддагон-политикон уагдæтты хаххыл.

Елбачиты Алан дæр раарфæ кодта Медойты Димитрæн стыр бынатмæ нысангонд кæй æрцыд, уый тыххæй æмæ йын йæ зæрдæ загъта йæ ног бæрнон куысты æнтыстытæ.

Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад расидыны Акт райсыны боныл 25 аз сæххæсты цытæн

1992 азы майы 28-29 бонты Гуырдзыстоны хотыхджын агресси Хуссар Ирыстоны адæмы ныхмæ æмæ тугкалæн хæст куы сытынг сты, уæд Цхинвалы уагъд æрцыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлдæр Советы сесси, цыран ист æрцыд Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад расидыны Акт.