Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады пресс-службæйы хъусынгæнинаг

1 июны Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Медойты Димитр йæхимæ райста Республикæ Абхазы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Республикæ Хуссар Ирыстоны Елбачиты Аланы.

Минæварæн арфæтæ ракæнгæйæ, Медойты Димитр бахахх кодта, Хуссар Ирыстон æмæ Абхазæн кæй ис традицион хæларадон ахастытæ æмæ абхазаг партнертимæ та æргом æмæ æууæнкджын диалог æддагон-политикон уагдæтты хаххыл.

Елбачиты Алан дæр раарфæ кодта Медойты Димитрæн стыр бынатмæ нысангонд кæй æрцыд, уый тыххæй æмæ йын йæ зæрдæ загъта йæ ног бæрнон куысты æнтыстытæ.

Ныхасы рæстæджы дыууæ фарсы сæ хъуыдытæ загътой хуссарирыстойнаг-абхазаг ахастыты уавæры фæдыл, банысан кодтой перспективæтæ æмæ дыууæварсон æмгуыстады райрæзты дарддæры гæнæнтæ.

Уымæй дарддæр ма дзырд цыд кæрæдзийæн цымыдис чи у, æндæр ахæм фарстатыл. Бафидаргонд уыд дарддæры конструктивон кусæгон æмархайдмæ цæттæдзинад.

Цхинвал, 2017 азы 1 июнь

 

01.06.2017