13 коммунары номыл фыдохы митинджы фæдыл

20 июны Хуссар Ирыстоны уагъд æрцыд ирон адæмы историйы тугæйдзаг бонтæй иу – 1920 азы 13 коммунары фехстыл 97 азы рацыды номарæн фыдохы митинг. Ирон адæмы сæрибардзинады сæраппонд сæ цард радтæг хъайтарты ном ссарынæн Згъудеры бæрзæндмæ мемориалон цыртмæ ссыдысты РХИ Президент Бибылты А.И., РХИ Хицауады Сæрдар Пухаты Э.Г., РХИ Паламенты Сæрдар Гасситы П.Л., Хицауады уæнгтæ, Парламенты депутаттæ, Республикæйы æхсæнады минæвæрттæ.

Паддзахады Сæргълæууæг йæ раныхасы банысан кодта, Хуссар Ирыстоны национал-сæрибаргæнæн змæлды кæй ис бирæ трагикон датæтæ, уый.

«Нæ фыдызнæгты сæйраг нысан уыд, æнæхъæн историйы сæрты, сæрмæттæ, скифтæ æмæ аланты дугæй абоны онг ирон адæм цы сæрыстырдзинад рахастой, уый скуынæг кæнын. Æмæ нын цас фыддæр рис хастой, уас тыхджындæр кодтам. Уымæн æвдисæн у нырыккон истори, ууыл дзурæг сты 1989-1992 азты цаутæ, уый равдыстой 2004 æмæ 2008 азты цаутæ. Ацы цаутæн иумæ фидарæй ис схонæн ирон адæмы Фыдыбæстæйон хæст.

Хуссар Ирыстоны адæмы фæнды алкæимæ дæр хæларæй æмæ кæрæдзи æмбаргæйæ цæрын. Мæнæ ныр цы хъайтардзинады символ, сæрыстырдзинады символы цур лæууæм, уый та хъуамæ уа бæрæг урок, Хуссар Ирыстоны территори абон дæр йæхи бакæнынмæ чи хъавы, уыдонæн. Хъуамæ йæ бамбарой, уымæн кæй никуы ис æрцæуæн, уый.

Хуссар Ирыстоны рæздзæн цард, Хуссар Ирыстон размæ цæудзæн, Хуссар Ирыстоны сабитæ цæрдзысты сабырады. Нæ хæс у – фæлтæрæй фæлтæрмæ дæттын, нæ фыдæлтæ цы лæгдзинад æвдыстой, уыцы цæвиттонтæ. Æмæ æппæты сæйрагдæр та у – нæ зæрдыл сæ дарын. Ма сæ рох кæнын, цæмæй дарддæр цæрæм», - загъта Президент.

Мысæн датæйы историон нысаниуæджы тыххæй æрæмбырдуæвджытæн радзырдта Президенты Администрацийы Сæргълæууæджы фыццаг хæдивæг, историон зонæдты кандидат Пухаты Къоста.

Фыдохы митинджы кæрон 13 коммунары цырты раз сæвæрдæуыд дидинджытæ.

Цхинвал, 2017 азы 20 июнь

 

20.06.2017