Сочæйы «Гуырдзиаг-ирон конфликт æрбæстон кæныны принципты фæдыл» Фидыдыл къух æрфыссыны боныл 25 азы сæххæсты тыххæй
24 июны æххæст кæны дыууын фондз азы историон цау – сочæйаг фидыдтытыл «Гуырдзиаг-ирон конфликт æрбæстон кæныны приципты фæдыл» къух æрфыссыныл.
«Гуырдзиаг-ирон конфликт æрбæстон кæныны приципты фæдыл» историон Фидыд æрфыссыны агъоммæ уыд, Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны æхсæн æфсæддон-политикон ныхмæлæуды карз фазæ. Хуссар Ирыстонæн Гуырдзыстоны æрдыгæй цы зиан æрхастæуыд 1992 азы сæрдмæ, уый йæ гуырахстмæ гæсгæ уыд стыр. 117 ирон хъæуы æрцыдысты бынысыгъд æмæ быныстыгъд, иу мин адæймагæй фылдæр амардæуыд кæнæ æбæрæгæй сæфт æрцыдысты, 2,5 минæй фылдæр адæймаджы цæфтæ райстой, лигъдæтты нымæц 100 минæй ахызт. Уыцы рæстæджы агрессийы кульминаци сси æнахуыр æвирхъау фыдракæнд – Хуссар Ирыстонæй Цæгатмæ цæуæг лигъдæтты колоннæйы Зары фæндагыл фæсфæдæй æхст.
Конфликты дарддæры райрæзт тас уыд Цæгат Кавказы адæмтыл апырхæй æмæ æппæт регионы уавæры дестабилизацийæ.
Сæвзæргæ уавæрты уæрæсейаг дипломатийы æхсæйнаг æххуысæй 1992 азы 24 июны Дагомысы, горæт Сочæмæ æввахс, Уæрæсейы Президент Борис Ельцин æмæ Гуырдзыстоны Паддзахадон советы Сæрдар Эдуард Шеварднадзе сæ къухтæ æрфыстой «Гуырдзиаг-ирон конфликт æрбæстон кæныны приципты фæдыл Фидыд»-ыл. Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны къухдариуæггæнджытæ Хъуылымбегты Торез æмæ Галазты Æхсарбег та уыцы Фидыдыл визæтæ æрæвæрдтой.
Ацы хабарæн уыд стыр ахадындзинад Хуссар Ирыстоны ситуаци æрбæстон кæныны хъуыддаджы æмæ дыууæ аз æмæ æрдæг цы тугкалд цыд, уый дæр æрурæдта. 1992 азы 14 июля, Сочæйаг фидыдтыты бындурыл гуырдзиаг-ирон конфликты зонæмæ конд æрцыдысты Сабырад бавæрыны æмхæццæ тыхтæ (ССМП). Арæзт æрцыд 14 километры дæргъæн хицæнгæнæн хахх, кæцы хæцæг фарсыты æхсæн буфер сси. 1992 азы Сочæйаг фидыдтытæ лæвæрдтой конфтикты алы фарсæн дæр, ома Гуырдзыстон æмæ Хуссар Ирыстонæн дæр, æхсæнадæмон-барадон статус. Афтæмæй, хотыхджын конфликт æрнымæггонд æрцыд. Тæссонд сабырдзинад æрлæууыд, адæм цадæггай сæ хæдзæрттæм здæхын райдыдтой.
Фæлæ уыцы уавæр уыд растдæр 2004 азмæ – Саакашвилийы режимы фыццаг хæстон авантюрæйы онг, «ирон фарст» тыхæй аскъуыддзаг кæнынмæ куы хъавыдысты, уæдмæ. Сабырадон процессыл сæйраг цæф сæмбæлд 2008 азы 7-8 августы. Гуырдзиаг æфсады æвирхъау æрбабырст фынæй горæт Цхинвалмæ æмæ Уæрæсейы фидауынгæнæг тыхты æфсæддонты амард ныххахх кодтой æрбæстон кæныны сабырадон процессы цыд æмæ кæрон скодтой уникалон фидауынгæнæг операцийæн.
Цхинвал, 2017 азы 23 июнь