Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады хъусынгæнинаг

Республикæ Хуссар Ирыстоны делегаци Президент Бибылты А.И. сæргълæудæй хайад исы Петербурджы XXI æхсæнадæмон экономикон форумы (ПМЭФ).

Делегацийы сконды сты РХИ Финансты министр Хæбæлаты А.К. æмæ РХИ Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар УФ-йы Гасситы З.Н.

ПМЭФ-ы пленарон рабадты фæстæ хуссарирыстойнаг делегацийæн хъуамæ уа кусæгон фембæлдтытæ УФ-йы субъектты сæргълæуджытимæ, политикон архайджытимæ, егъау амалиуæгон куыстуæтты къухдариуæггæнджытимæ.

1 июны Бибылты А.И. фембæлд Сербаг Республикæйы Президент Милорад Додикимæ.

Хуссарирыстойнаг делегаци ссардта сывæллæтты ном - Беслæны трагедийы амæттæгтæн дидинджытæ сæвæрдта Сыгъдæг Мадымайрæмы Аргъуаны.

 

Цхинвал, 2017 азы 1 июнь

 

01.06.2017