Сообщения МИД РЮО

Archive

2012 азы 8 августа г.Цхинвал РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады инициативæйы уагъд æрцыдис тымбыл фынг "Ирон ныхас". Дискуссийы хайад истой ирон общинæты минæвæрттæ Белгийæ, Нидерландтæй, Уæрæсейы Федерацийы регионтæй, Сирийæ, Туркæй, Францæй, Голландийæ, Хуссар Ирыстоны æхсæнадон организациты минæвæрттæ, ирон зонады зынгæ минæвæрттæ. Тымбыл фынгы уынаффæ цыдис 2008 азы августы цаутыл ирон-гуырдзиаг æмахастыты ретроспективæйы. Уымæй дардæр ма ныхасы рацæуджытæ æруынаффæ кодтой ирон диаспорæйы ролыл бæстæйы царды æмæ диаспорæйы проблемæтыл.

2012 азы 28 ноябры Уæрæсейы Федерацийы Хуссар Ирыстоны Минæварады Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Санахъоты Дауытæн фембæлд уыди Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады Дипломатон академийы хъусджытимæ æмæ Дунеон ахастыты Мæскуыйы паддзахадон институт (Университет), афтæ ма Уæрæсейы паддзахадон социологион университеты дунеон ахастыты факультетмæ Хуссар Ирыстонæй ахуырмæ ‘рвыст чи рцыд, уыдонимæ.
Фембæлды уыд УФ Республикæ Хуссар Ирыстоны Чрезвычайон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Медойты Д.Н.

8 августы Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Санахъоты Д.Г. телефонæй ныхас кодта Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæдивæг статс-секретарь Г.Б.Карасинимæ.

2012 азы 8 августы Цхинвалы, Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады инициативæйæ уагъд æрцыдис тымбыл фынг «Ирон ныхас». Дзырд цыд Хуссар Ирыстоны ныхмæ Гуырдзыстоны 2008 азы августы хæстон агрессийыл, кæцыйы рæстæджы фæмард сты сæдæгай адæймæгтæ,уыдоны нымæцы дунеон мандатмæ гæсгæ Хуссар Ирыстоны чи уыдысты, Уæрæсейы уыцы фидауынгæнæг тыхтæ дæр. Тымбыл фынгы куысты хайад райстой æввахс æмæ дард фæсарæнты ирон диаспораты минæвæрттæ.

20 ноябры Республикæ Хуссар Ирыстоны кусæгон визитимæ уыдысты фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады фæдыл Женевæйы дискусситы Æмсæрдæртæ. Делегацийы Цхинвалы сæхимæ райстой Республикæ Хуссар Ирыстоны къухдариуæгады минææвæрттæ фæсконфликтон ситуации æрбæстон кæныны фæдыл Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты Æххæстбарджын Минæвар Джиоты М.К. сæргълæудæй.

18 сентяры Республикӕ Хуссар Ирыстоны кусӕгон визитимӕ уыдис Фӕскавказы ӕдасдзинады фӕдыл Женевӕйы дунеон дискусситы Ӕмсӕрдӕртты делегации.

Фембӕлды уынаффӕ цыдис 2012 азы, октябры, чи хъуамӕ уа, Женевӕйы дискусситы уыцы радон раундмӕ бацӕттӕ кӕнынимӕ бастуӕвӕг фарстытыл.

2008 азы августы Хуссар Ирыстоны ныхмæ гуырдзыстоны гарзджын агрессийы цыппар азы фæстæ дæр ма регионы уавæр у вазыгджын, уымæн æмæ гуырдзиаг къухдариуæгады хъавд у, цæмæй сæххæст кæна егъаумасштабон провокацитæ. Гуырдзыстоны хицауиуæгад 2008 азы августы фæстиуджытæ ницæмæ даргæйæ, нæ уадзы йæ реваншистон зæрдæйыуаг.

2012 азы 9 октябры Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Санахъоты Д. Г. фыццаг официалон визиты фæлгæтты фембæлдис Уæрæсейы Федерацийы фæсарæйнаг хъуыддæгты министр С. В. Лавровимæ.

Фембæлды хайадисджытæ æруынаффæ кодтой дывæрсыг ахастыты регионалон æмæ дунеон проблемæты къорд фарстытыл.

2012 азы 10-11 октябры г. Женевæйы уыдис дунеон дискусситы форматы Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады сæраппонд дыууын фыццæгæм фембæлд. Хайад дзы райстой Республикæ Хуссар Ирыстоны, Республикæ Абхазы, Гуырдзыстоны, Уæрæсейы Федерацийы АИШ делегацитæ. Афтæ ма ЕЦ, БНО æмæ ОБСЕ минæвæрттæ. Хуссарирыстойнаг делегацийы сæргъ лæууыдис фæсконфликтон фарстатæ æрбæстон кæныны фæдыл Президенты Ӕххæстбарджын минæвар Джиоты М.К.

31 августӕй 3 сентябрмӕ Республикӕ Хуссар Ирыстоны официалон делегации РХИ Парламенты Сӕрдар Коцты Станиславы сӕргълӕудӕй уыдис Приднестроваг Молдаваг Республикӕйы, кӕцы нысан кодта йӕ хӕдбардзинад расидыныл 22 азы сӕххӕсты бон. Делегацийы сконды ма уыдысты РХИ Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты тӕлмӕцты хайады xистӕр Тадтаты Сергей.

15-17 августы Республикæ Хуссар Ирыстоны кусæгон визиты уыдис Хуссар Ирыстоны Республикæйы Боливараг Республикæ Венесуэлæйы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Ухо Хосе Эрнандес.
Визиты фæлгæтты минæвар Эрнандесы йæхимæ райста Республикæ Хуссар Ирыстоны президент Тибылты Леонид Харитоны фырт. Минæваримæ ма ныхас кодта Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Санахъоты Дауыт Георгийы фырт дæр.