Сообщения МИД РЮО

Archive

Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад расидыны Акт райсыны боныл 25 аз сæххæсты цытæн

1992 азы майы 28-29 бонты Гуырдзыстоны хотыхджын агресси Хуссар Ирыстоны адæмы ныхмæ æмæ тугкалæн хæст куы сытынг сты, уæд Цхинвалы уагъд æрцыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлдæр Советы сесси, цыран ист æрцыд Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад расидыны Акт.

16 майы Цхинвалы уагъд æрцыд Женевæйаг дискусситы делегацийы хуссарирыстойнаг хайадисджыты, сæ сæргъ РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæстæ æххæстгæнæг, Фæсконфликтон фарстатæ æрбæстон кæныны фæдыл Президенты Æххæстбарджын минæвар Джиоты М.К. кусæгон фембæлд Женевæйаг дискусситы Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады фарстаты фæдыл æмсæрдæрттимæ ЕЦ, ОБСЕ æмæ ИНО-йæ, кæцытæ æрцыдысты Республикæмæ дискусситы радон раунды агъоммæ.

10 майы Республикæ Хуссар Ирыстоны официалон делегаци Президент Бибылты А.И. сæргълæудæй ацыд г.Донецкмæ Донецкы Адæмон Республикæ расидыны æртыккаг азы цытæн бæрæгбонон мадзæлтты хайад райсыны охыл.

3 майы Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Мурат йæхимæ райста Республикæ Хуссар Ирыстоны Æхсæнадæмон Сырх Дзуары Комитеты Минæварады Хъахъхъæнынады хайады сæргълæууæг Жюльен Колюмойы йæ миссийы фæуды охыл.

Джиоты Мурат бузныджы ныхæстæ загъта г-н Колюмойæн Республикæ Хуссар Ирыстоны Æхсæнадæмон Сырх Дзуары Комитеты Минæварады пайдахæссæг куысты йæ хайбавæрды тыххæй æмæ йын раарфæ кодта йæ дарддæры архайды æнтыстытæн.

21 апрелы Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты М.К. йæхимæ райста Альба Асусена Торрес Мехияйы, Республикæ Хуссар Ирыстоны Республикæ Никарагуайы Минæварады Фыццаг секретары. Уый æрцыд Цхинвалмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны æвзæрст Президент Бибылты Ильяйы фырт Анатолийы инаугурацимæ.

Фембæлды хайад райстой Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры фыццаг хæдивæг Цхуырбаты А.В. æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Республикæ Никарагуайы Козаты Н.З.

21 апрелы Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты М.К. йæхимæ райста Хæххон Карабахы Республикæйы делегаци йæ сæргъ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр К.А.Мирзоянимæ. Делегацийы сконды уыд ХКР ФХМ аппараты генералон секретарь-къухдариуæггæнæг Афинян С.Ю., уыдон æрцыдысты Цхинвалмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны æвзæрст Президент Бибылты Ильяйы фырт Анатолийы инаугурацимæ.

21 апрелы Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты М.К. фембæлд Донецкы Адæмон Республикæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Н.Ю. Никонороваимæ. Уый æрцыд официалон делегацийы сконды Цхинвалмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны æвзæрст Президент Бибылты Ильяйы фырт Анатолийы инаугурацимæ.

Фембæлды хайад райста Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры фыццаг хæдивæг Цхуырбаты А.В.

Фембæлды рæстæджы дзырд цыд Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Донецкы Адæмон Республикæйы æхсæн хæларадон ахастытæ алыхуызон къабæзты дарддæр фидар кæныныл.

ИНО-йы адæймаджы барты фæдыл Советы ист резолюци «Гуырдзыстонимæ æмгуыстад»-ы тыххæй

24 марты Женевæйы уагъд ИНО-йы Адæймаджы барты фæдыл Советы 34 сессийыл ист æрцыд резолюци «Гуырдзыстонимæ æмгуыстад», цыран æвдыст æрцыд æнæбындур тыхстдзинад «Хуссар Ирыстоны адæймаджы барты уавæр æмæ гуманитарон уавæры» фæдыл, æмæ ма йæ территоримæ кæй нæй æхсæнадæмон цæстдарджытæн бацæуыны фадат, уый тыххæй. Документ бацæттæ кодта æмæ йæ хъæлæсæппæрстмæ бахаста Гуырдзыстон.

2017 азы 9 апрелы Республикæ Хуссар Ирыстоны уагъд æрцыдысты Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты радон æвзæрстытæ æмæ Референдум бæстæйæн йæ историон ном - Паддзахад Алани раздахыны фæдыл.

Æвзæрстытæ æмæ Референдум уагъд æрцыдысты Республикæ Хуссар Ирыстоны Конституци æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны æвзарæн закъондæттынады бындурыл, демократийы бындурæвæрæг принциптæ æмæ æхсæнадæмон нормæтæм гæсгæ. Хъæлæсæппæрст уагъд цыд 77 æвзарæн фадыджы, уыдонæй 5 конд уыдысты Республикæ Хуссар Ирыстоны дипломатон мисситы территоритыл Уæрæсейы Федераци æмæ Республикæ Абхазы.

Днестргæрон Молдаваг Республикæйы Республикæ Хуссар Ирыстоны Официалон Минæварады Сæргълæууæг снысан кæныны тыххæй

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры бардзырдмæ гæсгæ 2017 азы 10 апрелы Днестргæрон Молдаваг Республикæйы Республикæ Хуссар Ирыстоны Официалон Минæварады Сæргълæууæгæй нысангонд æрцыд Янковский Валентины фырт Виталий.

Цхинвал, 2017 азы 12 апрель

 

5 апрелы Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты М.К. райста йæхимæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Боливариайнаг Республикæ Венесуэлæ æмæ Республикæ Никарагуайы Козаты Н.З.

Козаты Н.З. радзырдта Министрæн йæ визиты деталты тыххæй Венесуэлæмæ, цыран Хуссар Ирыстоны делегаци хайад иста Венесуэлæйы Президент Уго Чавесы мæлæты бонæй 4 азы рацыды цытæн уагъд мысæн мадзæлтты.

Фембæлды рæстæджы ма дзырд цыд Венесуэлæ æмæ Никарагуаимæ хæларадон ахастытæ фидар кæныны куысты актуалон фарстатыл.

4 апрелы РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмкусджытæ æрбахастой Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы Минæварадмæ дидинджытæ, 3 апрелы Санкт-Петербурджы террористон акты фæстиуæгæн чи фæмард, уыдон ном арынæн.

Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæ боны дæргъы Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы Минæварады агъуыстмæ хастой дидинджытæ, Уæрæсейы Федерацийы адæмæн тæфæрфæс кæнгæйæ.

Теракты чи бахауд, уыдон нымæцы ис Хуссар Ирыстоны гуырд Хаситы Виталий. Уый ныртæккæ ис Санкт-Петербурджы рынчындонтæй иуы.

Цхинвал, 2017 азы 5 апрель