Цыппурсы мæйы 26-æм бон РХИ-йы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады ацыд уæрæх æмбырд, кæцыйы рæстæджы Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар æрныхас кодта ацæугæ азы Министрады куысты фæстиуджытыл æмæ снысан кодта 2025 азмæ сæйраг хæстæ.
Æмбырды рæстæджы Министр цыбыртæй банысан кодта 2024 азы æддагполитикон æмæ фæсарæйнаг уагдæтты архайды сæйраг здæхтытæ.
Дывæрсон ахастыты фидар бадзырдон-барадон бындур хынцгæйæ, уæлдай хъусдард аздæхтæуыд Уæрæсейы Федерациимæ стратегион партнерад æмæ интеграцион бастдзинæдтæ дарддæры уæрæх кæнынмæ. Нысангонд æрцыд, дунейы æндыгъд хæстон-политикон уавæры Республикæ Хуссар Ирыстонæн Уæрæсейы Федераци кæй у йæ æдасдзинады иунæг гарант.
Джиоты Æхсар бахахх кодта, Министрадæн сæйрагдæр кæй сты Хуссар Ирыстонæн дипломатон ахастытæ цы бæстæтимæ ис, уыдонимæ дарддæры иумæйаг æмгуыстад фидар кæнын æмæ хæларадон бæстæты нымæц уæрæх кæнын, афтæмæй ма алыхуызон æмвæзадтыл ахастытæ сфидар кæныны фæдыл куыст.
Загъдæуыд, æддагполитикон уагдонæн ахсджиаг кæй у информацион фадыджы куыст дæр, уый нымæцы социалон хызæгтæй пайда кæнын, афоныл дзуапп дæттын нæ оппоненттæй цæуæг информацион тæссагдзинадæн.
Уый фæдыл Министрады куысты ахсджиаг здæхт уыдис æмæ у Фæскавказы стабилондзинады фæдыл æхсæнадæмон дискусситæ, кæцыты сæйраг хæс – тыхæй ма спайда кæныны фæдыл Гуырдзыстоны ‘рдыгæй юридикон хæсджынгæнæг документы бафыст.
Æвæрццаг фарсæрдыгæй аргъгонд æрцыд РХИ-йы Фæсарæйнаг хъуыддæгты Министрады Æвзонг дипломатты советы сырæзт, уагдонон нормативон-барадон бындур фæхуыздæр кæныны фæдыл куыстæн, æркастæуыд Министрады кадрон резервмæ бакæныны фæдыл конкурсы хатдзæгтæм.
Кæронбæттæны Джиоты Æхсар банысан кодта, Республикæйы сæйраг Закъонмæ гæсгæ, Министрад дарддæр дæр кæй æххæст кæндзæн Хуссар Ирыстоны Президенты 'рдыгæй æвæрд хæстæ æмæ коллективæн йæ зæрдæ загъта æнтыстытæ Ног азы.
Цхинвал, 2024 азы цыппурсы мæйы 26-æм бон