Майрæмты мæйы 7-8 бонты Республикæ Хуссар Ирыстоны цæуынц Хуссар Ирыстоны ныхмæ Гуырдзыстоны хæстон агрессийæ æхсæрдæс азы рацыды охыл мысæн мадзæлттæ.
Майрæмты мæйы 7-æм бон ацыд къамты равдыст «08.08.08 – 08.08.24», афтæмæй ма Хетæгкаты Къостайы номыл Паддзахадон драмон театры 1920 азы ирæтты геноциды фæдыл спектакль «Фæстаг æвдисæн». Уый фæстæ мемориалон комплекс «Хуссар Ирыстоны хъахъхъæнджытæн»-ы раз ацыд мысæн церемони, кæцыйы рæстæджы акцийы хайадисджытæ сæвæрдтой дидинтæ мемориалмæ æмæ фæмардуæвджыты рухс номыл ссыгътой цырæгътæ.