Беслæны трагикон цаутæй 21 азы рацыды охыл Цхинвалы ацæугæ мысæн акцийы фæдыл

Памятная акция в память о жертвах теракта в Беслане
Памятная акция в память о жертвах теракта в Беслане
Памятная акция в память о жертвах теракта в Беслане

Рухæны мæйы 3-æм бон Цхинвалы Сыгъдæг Мады Майрæмы райгуырды аргъуаны раз Сæйраг фæзуаты ацыд Беслæны трагедийы амæттæгты мысæн акци.

Мадзалы хайад райстой Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар æмæ министрады кусджытæ.

Æрæмбырдуæвджытæ иу минут æдзæмæй алæугæйæ ссардтой Беслæны трагедийы амæттæгты рухс ном, «Хъынцъымгæнаг мад»-ы обелискмæ сæвæрдтой дидинтæ, хъазæнтæ, дон.

Фæмардуæвджыты рухс номыл арвмæ суагътой 334 урс шары.

Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады минæвæрттæ ма хайад исынц Беслæны фыдохы мадзæлтты.

2025 азы рухæны мæйы 3-æм бон

03.09.2025