Сообщения МИД РЮО

Archive
А.М. Джиоев

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар радта интервью индонезиаг рауагъд «Lentera Merah»-æн, кæцыйы радзырдта хуссарирыстойнаг паддзахады райрæзты истори æмæ Хуссар Ирыстоны æддагон политикæйы ахсджиагдæр здæхтытæ, афтæмæй ма бæстонæй æрдзырдта ирон традицитæ æмæ культурæйы фæдыл, цæмæй индонезиаг кæсджыты базонгæ кæна Хуссар Ирыстонимæ. 

Интервью бакæсæн ис ам:

Майрæмты мæйы 8-æм бон, Гуырдзыстоны ‘рдыгæй Хуссар Ирыстоны ныхмæ хæстон агрессийæ æстдæс азы рацыды охыл мысæн мадзæлттæ ацыдысты Республикæйы æдде дæр.

Мæскуыйы Ирвæзынгæнæг Чырыстийы Аргъуаны ссардтой гуырдзиаг агрессийы рæстæджы фæмардуæвæг Хуссар Ирыстоны цæрджыты рухс нæмттæ, афтæмæй ма Цхинвалы хъахъхъæнджыты, ирон æмæ уæрæсейаг Фидауынгæнæг тыхты хæстонты, уæрæсейаг æфсады солдаттæ æмæ офицерты рухс нæмттæ, кæцытæ сæ царды аргъæй хъахъхъæдтой Хуссар Ирыстоны.

Майрæмты мæйы 8-æм бон Сухумы æхсæнадæмон форум «Æрыгон Абхаз»-ы фæлгæтты ацыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Республикæ Абхазы Астамур Кацияйы фембæлд змæлд «Æрыгон Абхаз»-ы минæвæрттимæ.

2008 азы майрæмты мæйы цаутæ сæ зæрдыл кæй дарынц, уый фæдыл А. Кация бузныджы ныхæстæ загъта змæлды минæвæрттæн, афтæмæй ма бахахх кодта, ацы бонты 18 азы размæ Хуссар Ирыстоны адæм кæй бахъахъхъæдтой сæ сæрибар æмæ хæдбардзинад.

Памятные мероприятия, посвященные 18-й годовщине начала военной агрессии Грузии против Южной Осетии

Майрæмты мæйы 7-8 бонты Республикæ Хуссар Ирыстоны цæуынц Хуссар Ирыстоны ныхмæ Гуырдзыстоны хæстон агрессийæ æстдæс азы рацыды охыл мысæн мадзæлттæ.

Майрæмты мæйы 7-æм бон мемориалон комплекс «Хуссар Ирыстоны хъахъхъæнджытæн»-ы раз ацыд мысæн церемони, кæцыйы рæстæджы акцийы хайадисджытæ сæвæрдтой дидинтæ мемориалмæ æмæ фæмардуæвджыты рухс номыл ссыгътой цырæгътæ.

Майрæмты мæйы 8-æм бон Сыгъдæг Мадымайрæмы Аргъуан æмæ Сыгъдæг Æртæиуоны аргъуаны майрæмты мæйы хæсты амæттæгты номыл ацыдысты мысæн службæтæ.

Майрæмты мæйы 7-8 бонты Республикæ Хуссар Ирыстоны ацæудзысты Хуссар Ирыстоны ныхмæ Гуырдзыстоны хæстон агрессийæ æстдæс азы рацыды охыл мысæн мадзæлттæ.

Цалынмæ 2008 азы майрæмты мæйы æнæхъæн дуне каст Пекины Олимпаг хъæзтытæ бакæныны церемонимæ, уæдмæ Гуырдзыстон, æхсæнадæмон барады æппæт нормæты сæрты ахизгæйæ, мæнгардæй æрбабырста Хуссар Ирыстонмæ. Атакæйы бын бахаудысты ирон æмæ уæрæсейаг фидауынгæнæн тыхтæ, афтæмæй ма горæт Цхинвал æмæ республикæйы хъæутæ дæр. 

Майрæмты мæйы 4-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады ацыд Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсары æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Экономикон размæдзыды министры Хæдивæг Тъехты Альберты фембæлд Къаролад Таиланды минæвæрттимæ, кæцытæ сты Хуссар Ирыстоны кусæгон балцимæ.

Фембæлды рæстæджы Джиоты Æхсар радзырдта Хуссар Ирыстон æмæ ирон адæмы истори æмæ культурæйы тыххæй. Экономикон размæдзыды министры Хæдивæг Тъехты Альберт банысан кодта Хуссар Ирыстонæн туризмы размæдзыды æмæ ацы фадыджы ахастытæ уæрæх кæныны ахсджиагдзинады фæдыл.

Майрæмты мæйы Болонийы ацыдысты æфсæнвæндагон вокзалы терактæй 46 азы рацыды охыл мысæн мадзæлттæ. 1980 азы станцæйы срæмыгъды фæстиуæгæн фæхъуыдысты 85 адæймаджы, 200 фылдæр райстой цæфтæ; Италийы нырыккон историйы уый ссис стырдæр теракт. 1980 азы майрæмты мæйы 2-æм бон фæмардуæвджыты рухс номыл Италийы расидтæуыд Массон фыдракæндты амæттæгты мысæн бон.

Круглый стол в ПГУ им. Шевченко

Сусæны мæйы 28-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады Æвзонг дипломатты советы Сæрдары Хæдивæг Цхуырбаты А.А. онлайн-форматы хайад райста æхсæнадæмон тымбыл фынг «Миротворческая миссия на Днестре: 34 года мира и стабильности»-йы куысты, кæцы ацыд Тарас Шевченкойы номыл Приднестровьейы паддзахадон университеты. 

МИД Южной Осетии

Нæ хъус æрдардтам Европæйы цæдисы номæй æрæджыйы фидиуæнмæ, цыран нысан цæуы Сирийы Адæмон æмбырдимæ Брюсселы «кусыны» фæнд, цæмæй Дамаскы суверенон уынаффæтæ ивд æрцæуой. Ныхас цæуы сириаг къухдариуæгадыл бандавыны фæлварæнтыл, цæмæй сисой Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы хæдбардзинады банымад. 

Торжественное мероприятие в Посольстве Республики Никарагуа в Москве по случаю 47-ой годовщины Сандинистской революции

Сусæны мæйы 17-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар, Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Уæрæсейы Федерацийы Гасситы Знауыр æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Республикæ Никарагуайы Козаты Нарим хайад райстой Мæскуыйы уæвæг Республикæ Никарагуайы Минæварады Сандинистон революцийы Фæуæлахизæй 47 азы рацыды фæдыл цытджын мадзалы.

Мадзалы уазджытæ систы Уæрæсейы ФХъМ-йы, Уæрæсейы хицауады, æхсæнадæмон организациты минæвæрттæ, депутаттæ, УФ-йы аккредитацигонд дипломатон корпус.

Вручение верительных грамот

Сусæны мæйы 17-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Республикæ Абхазы Астамур Кация радта æууæнчы гæххæттытæ Республикæ Абхазы Президент Бадра Гунбайæн.

Президент банысан кодта, Абхаз æмæ Хуссар Ирыстоны рагæй фæстæмæ кæй иу кæнынц æфсымæрон ахастытæ, кæцытæ бындуриуæг кæнынц иу хъысмæт æмæ бирæазон æххуысыл, афтæмæй ма загъта Минæварæн бæрнон дипломатон куысты æнтыстыты фæндиæгтæ, кæцытæ ахъаз уыдзысты паддзахадты ‘хсæн хæларадон бастдзинæдтæ сфидар кæнынæн.

Церемония возложения цветов

1992 азы сусæны мæйы 14-æм бон гуырдзиаг-ирон конфликт æрбæстон кæныны сæйраг принципты фæдыл Фидыдыл бындуриуæггæнгæйæ, Республикæ Хуссар Ирыстоны территоримæ конд æрцыдысты æртæфарсон фидауынгæнæн тыхтæ. Ацы бон Хуссар Ирыстоны нысан цæуы куыд Фидауынгæнæджы бон.

Тугкалд чи æрлæууын кодта æмæ сабыр царды ныфс чи фæзынын кодта, уыцы фидауынгæнджытыл Хуссар Ирыстоны цæрджытæ æмбæлдысты дидинтæ æмæ цины цæссыгтимæ. Ацы цау ахъаз уыд конфликт æрлæууын кæнын æмæ сабыр цард райдайынæн.