Сообщения МИД РЮО

Archive
Встреча Президента Республики Южная Осетия А.Э. Гаглоева и Президента Республики Абхазия и А.Г. Бжания в расширенном формате

Рухæны мæйы 30-æм бон уæрæх форматы ацыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Гаглойты Аланы æмæ Республикæ Абхазы Президент Аслан Бжанияйы фембæлд.

Аслан Бжания раарфæ кодта Гаглойты Аланæн æмæ Хуссар Ирыстоны делегацийæн, уыимæ иумæ банысан кодта дыууæ æфсымæрон адæмы ‘хсæн сæвзæргæ ахастыты ахсджиагдзинад.

Торжественные мероприятия по случаю 30-й годовщины Дня Победы и Независимости Республики Абхазия

Рухæны мæйы 30-æм бон Президент Гаглойты Аланы сæргълæудæй Республикæ Хуссар Ирыстоны официалон делегаци хайад райста Республикæ Абхазы Уæлахизы æмæ Хæдбардзинады бонæй 30 азы рацыды цытæн бæрæгбонон мадзæлтты.

Хуссарирыстойнаг делегацийы сконды Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар.

Цытджын мадзæлттæ райдыдтой 1992-1993 азты Абхазы адæмы Фыдыбæстæйон хæсты фæмардуæвджыты Мемориалмæ дидинтæ сæвæрыны церемонийæ. Дидинтæ ма сæвæрдæуыд Абхазы Фыццаг Президент Владислав Ардзинбайы Мемориалмæ, кæцы ис хъæу Дæллаг Эшерайы.

Южная Осетия и Россия

2023 азы рухæны мæйы 26-29 бонты Мæскуыйы ацыд Хуссарирыстойнаг-уæрæсейаг иумæйаг демаркацион къамисы рабадт (дæлдæр- Иумæйаг къамис).

Иумæйаг къамис адарддæр кодта Республикæ Хуссар Ирыстоны æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн паддзахадон арæнæн æхсæнадæмон-барадон хуыз раттыны фæдыл куыст.

Фембæлд цыд сабырадон æмæ кæрæдзиæмбарынады уавæрты.

Иумæйаг къамисы радон рабадты æмгьуыд æмæ бынат бæрæг цæудзысты дипломатон каналты уылты.

 

А.М. Джиоев и И.Б. Ардзинба

Рухæны мæйы 29-æм бон Сухумы ацыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсары æмæ Абхазы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Инал Ардзинбайы фембæлд.

Джиоты Æхсар бузныджы ныхæстæ загъта ахæм хорз райсты тыххæй æмæ раарфæ кодта Абхазы адæмæн Фыдыбæстæйон хæсты Уæлахизы боны ‘рæввахс кæныны фæдыл. Абхазаг адæмæн йæ зæрдæ загъта сабырад, фæрныгад æмæ дарддæры æнтыстыты фæндиæгтæ.

Йæхи ‘рдыгæй Инал Ардзинба банысан кодта, абхазаг адæмæн ахæм ахсджиаг боны æфсымæрон Хуссар Ирыстоны делегацийы æрцыд цытджын мадзæлттæм уæлдай ахадгæ кæй у, уый.

МИД Южной Осетии

Абон хуссарирыстойнаг адæм нысан кæнынц ахсджиаг бæрæгбон- Республикæ Хуссар Ирыстоны бон.

1990 азы рухæны мæйы 20-æм бон Хуссар-Ирыстойнаг автономон облæсты адæмон депутаттæ расидтысты Советон Цæдисы сконды Хуссар- Ирыстойнаг Советон Демократон Республикæ. Республикæйы расидт æппæтварсонæй дзуапп дæтта æхсæнадæмон-барадон нормæтæн æмæ Советон Цæдисы уæды рæстæджы архайæг закъæттæн. Ист æрцыд национ суверенитеты фæдыл деклараци æмæ бындуриуæг кодта нацийы хæдуагæвæрды бартыл- историон рæстдзинад сног кæнын, наци бахъахъхъæнын скуынæг кæнынæй.

Флаг Южной Осетии

Рухæны мæйы 19-æм боны Республикæ Хуссар Ирыстоны нысан цæуы Паддзахадон тырысайы бон.

Герб æмæ Кады зарæгимæ иумæ, тырыса у паддзахады ахсджиагдæр символтæй иу.

Суверенитет æмæ арф культурон хъуыды цы хæдбар бæстæ хæссы, уымæн ахсджиаг хай у паддзахадон символикæ. Паддзахадон символты сæмбырд сты ивгъуыды цаутæ æмæ фидæны ныфс, уыдон æппæтварсонæй адæмы æнгомдæр кæнынц.

Южная Осетия и Россия

Рухæны мæйы 17-æм бон æххæст кæны 15 азы Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн Хæларад, æмгуыстад æмæ иумæйаг æххуысы фæдыл Бадзырды бафыстыл, кæцы ссис дыууæ бæстæйы æхсæнпаддзахадон ахастытæ бæрæг кæныны фыццаг ахæм бындурон документ.   

Бадзырды бафыст фадат радта хуссарирыстойнаг-уæрæсейаг политикон диалог уæрæх кæнынæн, базарадон-экономикон, зонадон-техникон, гуманитарон æмæ æндæр фадгуыты дывæрсон æмгуыстады райрæзтæн.

Южная Осетия и Венесуэла

Боливариайнаг Республикæ Венесуэлæйы ‘рдыгæй Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады банымады бонæй 15 азы рацыды цытæн Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар арвыста арфæйы фыстæг Боливариайнаг Республикæ Венесуэлæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Иван Хиль Пинтомæ.

Сæрмагондæй, арфæйы дзырдæуы:

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар арвыста арфæйы фыстæг Республикæ Никарагуайы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Республикæ Хуссар Ирыстоны цытджын Альба Асусена Торрес Мехиямæ йæ Райгуырæн боны цытæн.

Сæрмагондæй, арфæйы дзырдæуы:

«Дæ бæрзонд профессионализм æмæ куырыхондзинад нысан гæнгæйæ, фæнды мæ бахахх кæнын ныры зын дуджы хуссарирыстойнаг-никарагуайаг ахастыты сырæзт æмæ размæдзыды, афтæмæй ма Никарагуайы æддагполитикон курс æххæст кæныны хъуыддагмæ дæ хайбавæрд.

А.М. Джиоев и А.В. Журов

Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы ‘хсæн дипломатон ахастытæ сфидар кæнынæй 15 азы рацыды цытæн Уæрæсейы Федерацийы Хъуыддæгты фæдыл рæстæгмæ минæвар Александр Журов рарвыста арфæйы фыстæг Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсармæ.

Сæрмагондæй, арфæйы дзырдæуы:

Круглый стол «Южная Осетия – Россия 15-летие установления дипломатических отношений»

Рухæны мæйы 8-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад Тыбылты Алыксандры номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон университетимæ иумæ ауагъта тымбыл фынг «Хуссар Ирыстон – Уæрæсе: 15 азы дипломатон ахастытæ сфидар кæнынæй», кæцы ацыд ХИПУ-йы конференц-залы.

Тымбыл фынг ацыд Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы ‘хсæн дипломатон ахастытæ сфидар кæнынæй 15 азы рацыты цытæн.

А.М. Джиоев и С.В. Лавров

Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн дипломатон ахастытæ сфидар кæныны бонæй 15 азы рацыды фæдыл Республикæ Хуссар Ирыстоны æмæ Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министртæ Джиоты Æхсар æмæ Сергей Лавров арвыстой кæрæдзимæ арфæйы фыстæджытæ.

Сæрмагондæй, Джиоты Æхсар йæ фыстæджы банысан кодта: