Сообщения МИД РЮО

Archive

6 апрелы Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Цхуырбаты Хъ. телефонæй фæдзырдта Хæххон Карабахы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр К. Мирзоянмæ.

Цытджын æхсинтæ æмæ æлдæрттæ, зынаргъ хæлæрттæ!

Райгонд дæн сымахæй уе’ппæтæй дæр Италийы Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады Минæварады офис гом кæныны фадат мын кæй ис, уымæй. Стыр райгонд дæн уæ хъусдард æмæ фарсхæцынадæй.

31 марты Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Л.Х. кусæгон визиты уыдис Мæскуыйы.

Уæрæсейы Федерацийы Президент В.В. Путинимæ йæ фембæлды рæстæджы уынаффæцыдис дывæрсыг æмкуысткæнынады уæрæх фарстатыл, сæйраджыдæр та Уæрæсеимæ æмиудзинады архайды дывæрсыг ахастыты социалон-экономикон хъуыддæгты, кæцытæй æххуыс кæны Республикæ Хуссар Ирыстонæн, уыцы нымæцы инвестицион программæйы фæлгæтты дæр.

Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады фарстаты фæдыл Æхсæнадæмон дискусситы 35-æм раунды фæстиуджыты тыххæй

2016 азы 22-23 марты Женевæйы уыдис Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады фарстаты фæдыл æхсæнадæмон дискусситы радон 35-æм раунд. Хайад дзы райстой Республикæ Хуссар Ирыстон, Республикæ Абхаз, Гуырдзыстон, Уæрæсейы Федерацийы æмæ АИШ-ы делегацитæ, афтæ ма ЕЦ, БНО æмæ ЕЦÆО-йы минæвæрттæ. Хуссарирыстойнаг делегацийы сæргълæууæг уыд Фæсконфликтон фарстатæ æрбæстон кæныны фæдыл Президенты Æххæстбарджын минæвар Джиоты М. К.

23 марты Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Цхуырбаты Хъасполат райста йæхимæ Хуссар Ирыстоны Æхсæнадæмон Сырх Дзуары Комитеты минæварады сæр Нальан Антмены.

Фембæлды бæстон æмæ конструктивон ныхасы рæстæджы дзырд цыд Æхсæнадæмон Сырх Дзуары Комитеты Хуссар Ирыстоны территорийыл архайды æппæт спектртыл, сæрмагондæй та, Æхсæнадæмон Сырх Дзуары Комитеты йæ мандатмæ гæсгæ кæй æххæст кæны, уыцы гуманитарон программæтыл.

Æбæрæгæй чи фесæфт, уыдон агурыны Æртæварсон координацион механизмы куыст ахсджиаг кæй у, уый дæр æрцыд нысангонд.

Бадзырдты фæлгæтты, кæрæдзимæ ахст чи сты, уыдон ссæрибар кæныны фæдыл къухбафтгæ сразыдзинæдтæм гæсгæ 10 марты Республикæ Хуссар Ирыстоны официалон минæвæрттæм лæвæрд æрцыдысты Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæ Зассеты Георгий, Коцты Иосиф, Уалыты Георгий æмæ Тъурашвили Барис. Уыдонæн 2005 азы Гуырдзыстоны тæрхонгонд æрцыдис цæрæнбонтæм ахæстоны фæбадын.

Гасситы Знауыры мæлæты охыл

2016 азы 6 марты йæ цардæй 91-аздзыдæй ахицæн ис Республикæ Хуссар Ирыстоны зынгæ паддзахадон архайæг Гасситы Никъалайы фырт Знауыр.

Зынгæ къухдариуæггæнæг æмæ куырыхон политик-патриот, кæцы йæ цард æппæтæй дæр снывонд кодта йæ адæмы интерестæн, диссаджы адæймаг стыр царды фæлтæрддзинадимæ, æдзухдæр хæларзæрдæ æмæ æргом – ахæмæй баззайдзæн чи йæ зыдта канд Хуссар Ирыстоны нæ, фæлæ ма иннæ бæстæты дæр, уыдон зæрдæты.

3 марты уыдис РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады цур архайæг Экспертон советы дыккæгæм рабадт. Экспертон советы куысты ма хайад райстой Цæгат Ирыстны-Аланийæ æрхонгæ эксперттæ – историон зонæдты доктор, профессор Дзидздзойты В.Д., историон зонæдты доктор, профессор Бзарты Р.С. æмæ Хозиты П.И.

2 марты Фæсконфликтон фарст æрбæстон кæныны фæдыл Президенты Æххæстбарджын Минæвар Джиоты М.К. сæргълæудæй Цхинвалы уагъд æрцыдис Женевайы дискусситы Хуссар Ирыстоны хайадисджыты кусæгон фембæлд Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады фæдыл Женевайы дискусситы Æмсæрдæрттимæ. Уыдысты дзы ЕЦ, ЕЦÆО æмæ БНО Минæвæрттæ, кæцытæ Республикæмæ æрцыдысты дискусситы 35-æм радон раунды хæдразмæ.

Фембæлды рæстæджы уынаффæ цыдис, 22-23 марты чи хъуамæ уой, уыцы дискусситæм бацæттæ кæныны фарстатыл.

24-25 февралы Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад ауагъта конкурсон равзæрст Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады ДАМПИ(У) нысанон бынæттæм.

Конкурсон фæлварæнтæ уагъд цыдысты «Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады Дунеон ахастыты мæскуыйы паддзахадон институт(Университет) Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрадæн цы нысанон бынæттæ рахицæн кодта, уыдон фæдыл конкурсон фæлварæнтæ ауадзыны фæткы тыххæй» Уагæвæрды бындурыл.

Тыбылты Д.И. Боливариайнаг Республикæ Венесуэлайы Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвары бынатæй æмæ Республикæ Никарагуайы Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвары бынатæй ссæрибар кæныны тыххæй

2016 азы 29 февралы Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Л.Х. Указтæй Боливариайнаг Республикæ Венесуэлайы Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар æмæ Республикæ Никарагуайы Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Тыбылты Д.И. сæрибар æрцыдис йæ бынатæй.

22 февралы Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæстæ æххæстгæнæг Коцты А.К. æмæ РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады кусджытæ Цхинвалы Аргъуандоны фæзуаты хайад райстой Ирыстоны хъахъхъæнджыты боны цытæн обелискыл дидинджытæ сæвæрыны бæрæгбонон церемонийы.

Цхинвал, 2016 азы 22 февраль