Италийы Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады Минæварады офис байгом кæныны рæстæджы Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæдивæг Коцты А. арфæйы раныхас

Цытджын æхсинтæ æмæ æлдæрттæ, зынаргъ хæлæрттæ!

Райгонд дæн сымахæй уе’ппæтæй дæр Италийы Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады Минæварады офис гом кæныны фадат мын кæй ис, уымæй. Стыр райгонд дæн уæ хъусдард æмæ фарсхæцынадæй.

Ацы æхцон цауæй – Италийы Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады Минæварады офис кæй гом кæнын, уый фæдыл мæ арфæйы ныхæстæ зæгъын фæнды Италийы нæ æмфыдыбæстæйонтæн дæр, кæцытæн, стыр дарддзæгтæм нæ кæсгæйæ, æнгом иудзинад ис Райгуырæн бæстæимæ, цымыдис ын кæнынц йæ цардмæ æмæ тырнынц, цæмæй сæ хайбавæрд бахæссой италиаг-ирон хæлардзинад рæзын кæнынмæ.

Зынаргъ хæлæрттæ, фæнды мæ цæмæй банысан кæнон уый æмæ æлдар Мауро Мурджиа, фыццаг аз, мыййаг, нæу Италийы Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады Минæвар, æмæ йæ ахадæн архайды фæрцы нæ бæстæты ‘хсæн уæрæх кæнынц, къухтæ фыст æрцыдысты нæ сæйраг горæт Цхинвал æмæ италийаг къорд горæтты ‘хсæн хæлардзинад æмæ æмкуысткæнынады бадзырдтыл. Абоны цау дæр, сæйраджыдæр, у æлдар Мурджиайы архайды фæстиуæг. Министрады номæй мæ фæнды уымæн зæрдиаг арфæ ракæнын йæ ахадæн куысты сæраппонд.

Курæг уæ дæн, цæмæй нын нæ бузныджы дзырдтæ айсат уе’ппæт дæр, кæцытæ ахъаз кодтой Италийы Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады Минæварады офис байгом кæнынæн æмæ, сæйраджыдæр та, æлдар Андреа Корсинийæн, кæцы нын зæрдиагæй сразы офисæн бынат рахицæн кæныныл.

Зынаргъ хæлæрттæ! Хуссар Ирыстон у æргом бæстæ, кæцы тырны йæ æхсæндунеон иудзинады фæзуат рауæрæхдæр кæнынмæ. Мæнмæ уæлдай æхцондзинад æвзæрын кæны уый, цæмæй банысан кæнон, Италийы Хуссар Ирыстонæн ныртæккæ дæр бирæ хæлæрттæ кæй ис æмæ нæ ныфс ис Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады офис байгом кæныны фæрцы кæй рæздзæнис нæ бæстæйы хæлæртты нымæц.

Махæн хорз фадæттæ ис, цæмæй гуманитарон сферæйы, культурæйы фадыджы кæрæдзиимæ æмкуысткæнынад рæзын кæнынæн æмæ дарддæр дæр агурдзыстæм фадæттæ, хъуыддагон иудзинады фæндæгтæ.

Фæнды мæ цæмæй фидардзинад зæгъон уый тыххæй æмæ Италийы Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады Минæварады офис кæй байгом, уый кæй уæрæхдæр кæндзæнис æппæт фæдæздæхтыты куыст дæр. Нæ фыдыæмбæстонтæн Италийы нæ Минæварадон офис кæй байгом, уый, æнæмæнгдæр, суыдзæнис ахæм бынат, кæцыран сын фадат уыдзæнис кæрæдзи æмбарын æмæ фарсхæцынадæн.

Хуссар Ирыстоны райгонд сты уымæй æмæ кæд офис бакæныны хъуыддаджы уыдис бæрæг вазыгджындзинæдтæ, уæддæр конд æрцыдис. Уый у циндзинады ахсджиаг цау. Фæнды мæ Италийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады Минæвар Мауро Мурджиайæн ног хæрзиуджытæ æмæ æнтыстытæ.

 

02.04.2016