Сообщения МИД РЮО

Archive

12 июлы Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Л.Х. райста æууæнчы грамотæтæ Республикæ Никарагуайы Республикæ Хуссар Ирыстоны Минæвар Хуан Эрнесто Васкес Арайяйæ.

Æууæнчы грамотæтæ радтыны церемонийы хайад райста Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министы хæстæ æххæстгæнæг Цхуырбаты А.В.

Церемонийы фæстæ цыбыр ныхасы рæстæджы нысангонд æрцыд дыууæварсон ахастытæ фидар кæнын æмæ сæ райрæзыны фæдыл куысты ахсджиаг нысаниуæг.

 

Цхинвал, 2016 азы 12 июль

 

11 июлы Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры Х.æ. Цхуырбаты Андрей йæхимæ райста Боливариайнаг Республикæ Венесуэлæйы Минæварады делегаци Хъуыддæгты рæстæгмæ æвджид Альваро Энрике Санчес Кордеойы сæргълæудæй.

Конструктивон æмæ æууæнчы атмосферæйы ныхасы рæстæджы дзырд цыд дыууæварсон боны фæткы æрвылбонон фарстатыл, сæ хъуыдытæ кæрæдзийæн загътой Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Венесуэлæйы æхсæн æмгуыстад æмæ æмархайды перспективæты фæдыл.

11 июлы Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры Х.æ. Цхуырбаты Андрей йæхимæ райста Республикæ Никарагуайы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Республикæ Хуссар Ирыстоны Хуан Эрнесто Васкес Арайяйы, кæцы йæм радта йæ æууæнчы грамотæты халдихтæ.

Хъарм æмæ хæларадон уавæры ацæугæ ныхасы рæстæджы æрдзырдæуыд дыууæварсон ахастыты актуалон фарстатыл æмæ ма æхсæнадæмон аренæйыл Хуссар Ирыстон æмæ Никарагуайы æмархайды перспективæтыл.

7 июлы РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры Х. æ Цхуырбаты А.В. аныхас кодта Республикæ Никарагуа æмæ Боливариайнаг Республикæ Венесуэлæйы Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Козаты З.Н. йæ куыстмæ кæй æрæвнæлдта, уый охыл.

Ныхасы рæстæджы дзырд цыд регионалон политикæйы актуалон фарстатæ æмæ Никарагуа æмæ Венесуэлæимæ хæларадон ахастытæ дарддæр фидар кæныны фарстатыл.

 

Цхинвал, 2016 азы 7 июль

 

1 июлы Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæстæ æххæстгæнæг Цхуырбаты Андрей райста йæхимæ Хуссар Ирыстоны Æхсæнадæмон Сырх Дзуары Комитеты минæварады сæр Нальан Антмены.

Фембæлды рæстæджы дзырд цыд Æхсæнадæмон Сырх Дзуары Комитет Хуссар Ирыстоны территорийыл цы проекттæ сарæзта, уыдоныл æмæ ма æввах рæстæджы йæ дарддæры куысты пълæнттыл.
Антмен загъта бузныджы ныхæстæ Министрадæн йе’ххуысы тыххæй æмæ конструктивон æмгуыстады тыххæй ÆСДК-йы архайдæн Республикæйы.

Козаты Захары фырт Нариманы Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Боливариайнаг Республикæ Венесуэлæйы снысан кæныны тыххæй

2016 азы 27 июны Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Леониды Барамындмæ гæсгæ Козаты Захары фырт Нариман нысангонд æрцыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæварæй Боливариайнаг Республикæ Венесуэлæйы.

Цхинвал, 2016 азы 29 июнь

 

Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады фарстаты фæдыл Æхсæнадæмон дискусситы 36-æм раунды фæстиуджыты тыххæй

2016 азы 14-15 июны Женевæйы уыдис Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады фарстаты фæдыл æхсæнадæмон дискусситы радон 36-æм раунд. Хайад дзы райстой Республикæ Хуссар Ирыстон, Республикæ Абхаз, Гуырдзыстон, Уæрæсейы Федерацийы æмæ АИШ-ы делегацитæ, афтæ ма ЕЦ, БНО æмæ ЕЦÆО-йы минæвæрттæ. Хуссарирыстойнаг делегацийы сæргълæууæг уыд Фæсконфликтон фарстатæ æрбæстон кæныны фæдыл Президенты Æххæстбарджын минæвар Джиоты М. К.

23 майы Цхинвалы уыд Женевæйаг дискусситы хуссарирыстойнаг делегацийы хайадисджыты фембæлд Женевæйы Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады фарстаты фæдыл æхсæнадæмон дискусситы æмсæрдæрттимæ ЕЦ, БНО æмæ ЕЦÆО-йæ. Уыдон æрцыдысты Республикæмæ радон 36-æм раунды размæ, кæцы уагъд æрцæудзæн ацы аз 14-15 июны.

Фембæлды рæстджы ныхас цыд Женевæйаг дискусситы фарстаты тематикæйы æппæт спектрыл, сæрмагондæй, дискуссийы рæстæджы цы проблемæтыл цæудзæн ныхас, уыдоныл.

8 майы Республикæ Хуссар Ирыстоны фæсарæйнаг хъуыддæгты министры рæстæгмæ хæстæ æххæстгæнæг Цхуырбаты А. В. æмæ РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады кусджытæ хайад райстой Кад æмæ Мысæны гирляндæйы сæвæрды церемонийы Кады аллейæйы Фыдыбæстон хæсты Фæуæлахизы 71 азы цытæн.

 

Цхинвал, 2016 азы 8 май

 

 

4 майы Республикæ Хуссар Ирыстоны фæсарæйнаг хъуыддæгты министры рæстæгмæ хæстæ æххæстгæнæг Цхуырбаты А. райста йæхимæ Республикæ Хуссар Ирыстоны фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады минæвар Италийы Мауро Мурджиайы.

Фембæлды рæстæджы дзырд цыд Республикæ Хуссар Ирыстоны фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады минæвары Италийы офисы архайды тыххæй. Офис конд æрцыд Ромы 2016 азы 4 апрелы. Банысангонд æрцыд ацы хабары нысаниуæг Хуссар Ирыстоны интересты дарддæр кæнынæн хъуыддаджы.

Козаты Захары фырт Нариманы Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Республикæ Никарагуайы снысан кæныны тыххæй

2016 азы 3 майы Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Леониды Барамындмæ гæсгæ Козаты Захары фырт Нариман нысангонд æрцыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæварæй Республикæ Никарагуайы.

Цыбыр биографион бæрæггæнæнтæ:

Козаты Захары фырт Нариман райгуырд 1965 азы 24 февралы г. Цхинвалы. 1982-1988 азты ахуыр кодта Дзæуджыхъæуы Хæххон хъæууон-хæдзарадон институты.

11 апрелы Республикæ Хуссар Ирыстоны фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæдивæг Коцты А. райста йæхимæ Хæххон Карабахы Республикæйы фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады аппараты къухдариуæггæнæджы Генералон нымæрдар С. Афиняны æмæ Хæххон Карабахы Республикæйы парламентон фракци «Родина»-йы къухдариуæггæнæг А. Товмасяны.