Республикæ Хуссар Ирыстоны фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады хъусынгæнинаг

11 апрелы Республикæ Хуссар Ирыстоны фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæдивæг Коцты А. райста йæхимæ Хæххон Карабахы Республикæйы фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады аппараты къухдариуæггæнæджы Генералон нымæрдар С. Афиняны æмæ Хæххон Карабахы Республикæйы парламентон фракци «Родина»-йы къухдариуæггæнæг А. Товмасяны.

Уазджытыл æмбæлгæйæ, Коцты А. банысан кодта, Хуссар Ирыстоны лæмбынæгæй кæй дарынц сæ хъус Хæххон Карабахы ситуацимæ, иузæрдион сты æфсымæрон адæмимæ æмæ сæ фæнды, цæмæй ацы кризис тагъд рæстæджы æрбæстон уа. Коцты А. ма мæсæллæй загъта мæрдджын бинонтæн æмæ се’ввахс адæмæн.

С. Афинян бузныджы ныхæстæ загъта Хуссар Ирыстон сæм цы хъарм ахаст дары, уый тыххæй, сæйраджыдæр, Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æххуысы тыххæй, æмæ равдыста цæттæдзинад хæларадон ахастытæ уæрæх æмæ фидар кæнынмæ.

Фембæлды рæстæджы дзырд цыд, кæрæдзийæн пайда чи у, ахæм фарстатыл.

Цхинвал, 2016 азы 11 апрель

 

11.04.2016