11 июлы Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры Х.æ. Цхуырбаты Андрей йæхимæ райста Боливариайнаг Республикæ Венесуэлæйы Минæварады делегаци Хъуыддæгты рæстæгмæ æвджид Альваро Энрике Санчес Кордеойы сæргълæудæй.
Конструктивон æмæ æууæнчы атмосферæйы ныхасы рæстæджы дзырд цыд дыууæварсон боны фæткы æрвылбонон фарстатыл, сæ хъуыдытæ кæрæдзийæн загътой Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Венесуэлæйы æхсæн æмгуыстад æмæ æмархайды перспективæты фæдыл.
Хуссарирыстойнаг фарс равдыста йæ разыдзинад Венесуэлæйы къухдариуæгады архайдæй стабилондзинад бахъахъхъæныны хъуыддаджы æмæ социалон-экономикон проблемæтæ аиуварс кæныны фадыджы.
Кордеро бузныджы ныхæстæ загъта ахæм фысымады тыххæй æмæ равдыста цæттæдзинад алыхуызон къабæзты иумæйаг проекттæ аразынмæ.
Кæронбæттæны уазджытæн лæвæрд æрцыд зæрдылдарæн лæвæрттæ.
Цхинвал, 2016 азы 11 июль