Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады фарстаты фæдыл Æхсæнадæмон дискусситы 36-æм раунды фæстиуджыты тыххæй
2016 азы 14-15 июны Женевæйы уыдис Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады фарстаты фæдыл æхсæнадæмон дискусситы радон 36-æм раунд. Хайад дзы райстой Республикæ Хуссар Ирыстон, Республикæ Абхаз, Гуырдзыстон, Уæрæсейы Федерацийы æмæ АИШ-ы делегацитæ, афтæ ма ЕЦ, БНО æмæ ЕЦÆО-йы минæвæрттæ. Хуссарирыстойнаг делегацийы сæргълæууæг уыд Фæсконфликтон фарстатæ æрбæстон кæныны фæдыл Президенты Æххæстбарджын минæвар Джиоты М. К.
Дискусситæ цыдысты дыууæ кусæгон къорды: æдасдзинад æмæ гуманитарон фарстаты фæдыл.
Раунды атмосферæ иумæйагæй æндыгъд уыд, 2016 азы 7 июны БНО Генералон ассамблейæ лигъдæтты проблемæты фæдыл радон хатт цы резолюци райста, уый тыххæй. Ацы резолюцийы проект æрвылаз дæр ныр цалдæр азы дæргъы бахæссы Гуырдзыстон, æмæ ист кæй æрцыд, уый Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы делегацитæ банымадтой политизацигонд къахдзæфыл, кæцы у, Женевæйаг дискусситы фæлгæтты цы лигъдæтты проблемæты вазыгджын гуманитарон фарста цæуы скъуыддзаг, уый ныхмæ арæзт. Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы делегациты æмбæлон иумæйаг хъусынгæнинаг парахат æрцыд.
Æдасдзинады фарстаты кусæгон къорды сæйраг хъусдард здæхт уыд Гуырдзыстон Хуссар Ирыстоны æмæ Абхазы ныхмæ тыхæй ма спайда кæныны æмæ регионы æдасдзинад æмæ стабилондзинад сифтонг кæныны фарстатæм. Хуссарирыстойнаг делегаци æрсидт дискусситы хайадисджытæм, цæмæй ацы раунды ист æрцæуа цыбыр фидиуæн тыхæй ма спайда кæныны тыххæй фидар æхсæнадæмон гарантиты принципыл хæст кæй сты, уый фæдыл. Фæлæ гуырдзиаг делегацийы æнæконструктивон позици бар нæ радта иумæйаг хъусынгæнинаджы текстыл кæронмæ бакусынæн. Уымæй дарддæр ма, гуырдзиаг делегаци ногæй равдыста йæ æдзæттæдзинад Хуссар Ирыстоны æмæ Абхазы ныхмæ тыхæй ма спайда кæныны фæдыл дыууæварсон фидыдтытыл бакусынмæ. Хуссарирыстойнаг хайадисджытæ аиуварс кодтой гуырдзиаг делегацийы фæлвæрдтытæ, юридикон тых кæмæн ис, ахæм документтыл куыст бабæттын дыууæварсон уæрæсейаг-хуссарирыстойнаг æмæ уæрæсейаг-абхазаг ахастытимæ. Бахахх кодтой, зæгъгæ уæрæсейаг-хуссарирыстойнаг ахастытæ бындуриуæг кæнынц æмæ рæзынц æрмæстдæр æхсæнадæмон-барадон бындурыл æмæ сæ ницы тас ис нæдæр Гуырдзыстонæн, нæдæр æндæр исты паддзахадæн.
Уыимæ иумæ ма, хуссарирыстойнаг æмæ абхазаг хайадисджытæ куыд банысан кодтой, афтæмæй Гуырдзыстон дарддæр кæй æввахс кæны НАТО-йы блокимæ, НАТО-йы структурæтæ кæй фæзынди Гуырдзыстоны территорийыл, гуырдзиаг æфсæддонты цæттæдзинад НАТО-йы æфсæддонты æмвæзадмæ ивазын стыр тæссагдзинад æвзарын кæнынц регионы стабилондзинадæн. Хъусдард здæхт æрцыд гуырдзиаг хицауады минæвæртты, номхуындæй, парламенты сæрдар Усупашвилийы хæстмондаг æрсидтытæм майы мæйы Гуырдзыстоны территорийыл Гуырдзыстон æмæ НАТО-йы иумæйаг стырмасштабон ахуырты рæстæджы.
Хуссарирыстойнаг-гуырдзиаг паддзахадон арæны районы æдасдзинад æмæ стабилондзинады фарстатыл дзургæйæ, фембæлды хайадисджытæ банысан кодтой, зæгъгæ, дзы фæстаг рæстæджы серьезон инциденттæ нæ уыд. Уыимæ иумæ ма, хуссарирыстойнаг хайадиджытæ бафиппайдтой, Гуырдзыстоны ‘рдыгæй хъæддаг зайæгойтæ æмбырд кæныны æмæ хъæууон-хæдзарадон куыстыты рæстæджы, паддзахадон арæн хæлд кæй ма хъуамæ цæуа, уый. Уыимæ иумæ куыд æнæбындур ныхæстæ, афтæ цæхгæр иуварс æрцыдысты гуырдзиаг фарсы ахæм пропагандон фæрæхуыстытæ, зæгъгæ, гуырдзыйы территорийыл адæймæгтæ ахст æрцыдысты. Ногæй та бамбарын чындæуыд, хуссарирыстойнаг службæтæ арæны хахх банысан кæныны куыстытæ кæй кæнынц æрмæстдæр арæнæн йæ хуссарирыстойнаг фарсæрдыгæй, уый. Хуссарирыстойнаг фарс гуырдзиаг фарсмæ ногæй бахатыд Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны æхсæн паддзахадон арæнты демаркаци æмæ делимитацийы куыстытæ иумæ бакæныны тыххæй.
Дискусситы хайадисджытæ æвæрццаг аргъ скодтой Инциденттæ ма ‘руадзын æмæ сæм афоныл хъус æрдарыны механизмы (МПРИ) архайдæн æмæ уæвæг «тæвд хахх»-æн. Уыимæ нысангонд æрцыд, гуырдзиаг полицæйæгтæн æмæ ЕЦ Миссийы цæстдарджытæн арæн фехалыны бар кæй нæй, уый.
Дискусситы рæстæджы бæстон ныхас æрцыд гуманитарон фарстатыл, цыран сæйраг хъусдард здæхт уыд Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæй æбæрæгæй чи фесæфт, уыдон хъысмæтмæ. Хайадисджытæ сразы сты Женевæйы сæ радон фембæлды рæстæджы æбæрæгæй сæфт адæмы проблемæ аиуварс кæныны иумæйаг принциптæ райсыны охыл документы проект иумæ бацæттæ кæныныл.
Культурон бынты фарстатыл дзургæйæ, хуссарирыстойнаг хайадисджытæ ногæй сæвæрдтой хуссарирыстонаг музейæ давд чи æрцыд æмæ ныртæккæ Гуырдзыстоны чи ис, уыцы уникалон иконæ-триптих, фæстæмæ Хуссар Ирыстонæн радтыны фарст. Ногæй та хъусдард здæхт æрцыд, Гуырдзыстоны контролы бын уæвæг Скæсæйнаг Ирыстоны территоритыл цы ирон историон-культурон цырдзæвæнтæ ис, уыдон бавæрыны проблемæмæ. Уырдыгæй сырд ирон адæмы уыцы территоритæм нæ уадзынц. Ирон минæвæрттæ та ногæй æрсидтысты, Тырсыгомы цы ирон историон-архитектурон цыртдзæвæнтæ ис, уыдон бабæрæг кæнынæн æмæ саргъ кæнынæн экспертты уырдæм бауадзын.
Лигъдæтты проблемæты фæдыл ацы раунды рæстæджы дискусси уагъд не’рцыд.
Куысты кæрон раундæн хатдзæгтæ арæзт æрцыд.
Дискусситы радон раунд уагъд æрцæудзæнис 2016 азы, октябры.
Женевæ, 2016 азы 16 июнь