23 майы Цхинвалы уыд Женевæйаг дискусситы хуссарирыстойнаг делегацийы хайадисджыты фембæлд Женевæйы Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады фарстаты фæдыл æхсæнадæмон дискусситы æмсæрдæрттимæ ЕЦ, БНО æмæ ЕЦÆО-йæ. Уыдон æрцыдысты Республикæмæ радон 36-æм раунды размæ, кæцы уагъд æрцæудзæн ацы аз 14-15 июны.
Фембæлды рæстджы ныхас цыд Женевæйаг дискусситы фарстаты тематикæйы æппæт спектрыл, сæрмагондæй, дискуссийы рæстæджы цы проблемæтыл цæудзæн ныхас, уыдоныл.
Сæйраг хъусдард здæхт уыд æдасдзинад æмæ тæссагдзинады фарстатæм. Хуссарирыстойнаг делегаци та ногæй равдыста тыхстдзинад Гуырдзыстоны территорийыл НАТО-йы æфсæддон активондзинад кæй фæтынгдæр ис, йæ территорийыл НАТО-йы æфсæддон ахуыртæ «Nobel Partner 2016» уагъд кæй цæуынц, уый тыххæй.
Банысангонд æрцыд бæрæг стабилондзинад хуссарирыстойнаг-гуырдзиаг арæныл, кæцы бирæбæрцæй у МПРИ-йы эффективон куысты фæстиуæг, уый фадгуыты цы быцæутæ æмæ инциденттæ æрцæуы, уыдон аскъуыддзаг кæныны фæдыл уагъд цæуынц регулярон фембæлдтытæ, кусы æдзух уæвæг бастдзинады «тæвд хахх».
Серьезон хъусдард здæхт уыд гуманитарон тематикæмæ.
Хуссарирыстойнаг делегаци та йæ позици равдыста, Женевæйаг дискуссийы фæлгæтты лигъдæтты фарстатыл ныхас кæнæн кæй нæй, цалынмæ гуырдзиаг фарс ацы фарста политизаци кæна, ИНО ГА-мæ та традицимæ гæсгæ лигъдæтты фарстайы фæдыл иуварсон резолюци хæсса, уæдмæ. Уый фæдыл РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад развæлгъау арвыста æмбæлон ныстуан паддзахадтæм – Иугонд Нациты Организацийы уæнгтæм, цыран сæм æрсидтис, цæмæй Хуссар Ирыстоны минæвæрттæн сифтонг кæной уавæртæ лигъдæтты проблемæйы фæдыл Республикæ Хуссар Ирыстоны позици æрбавдисынæн.
Банысангонд ма æрцыд хæдбар эксперт Душан Игньятовичы гъæдджын куыст Гуырдзыстоны территорийыл Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæй æбæрæгæй чи фесæфт, уыдон агурыны фæдыл, æмæ ныфс æвæрд æрцыд даддæргонд кæй ацæудзæн, уымæй.
Фембæлды фæстæ Женевæйаг дискусситы æмсæрдæрттæ фембæлдысты РХИ æбæрæгæй сæфт æмбæстæгты хиуæттимæ æмæ дзуаппытæ радтой дзыллон информацийы фæрæзты минæвæрттæн.
Цхинвал, 2016 азы 23 май