Зæрдæвæрæны мæйы 13-æм бон горæт Беслæны (Республикæ Цæгат Ирыстон- Алани) ацыд комитет «Беслæны мадæлтæ»-йы минæвæртты æмæ Италийы делегацийы иумæйаг пресс-конференци. Делегацийы сæргъ лæууыд Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады Минæвар Италийы Мауро Мурджа.
Ацы аз хуымгæнæны мæйы Мауро Мурджайы хуындæй террористон актты амæттæгты ассоциаци «Беслæны мадæлтæ»-йы минæвæрттæ бабæрæг кодтой Итали.