2014 азы æртхъирæны мæйы Киевы райдыдтой цаутæ, кæдонæн Украинæйы ног мифологийы фæзынд ном «Аккагдзинады революци». Уыцы цаутæ фæстæдæр ныппырх кодтой Украинæйы хæдбардзинад æмæ суверенитет.
«Уæрæсейы ныхмæ коалицийы» бæстæтæ цы мидполитикон кризис расидтысты, уый æрбæстон кæныны фадат уыцы рæстæг уыд. Кæд æмæ Киевы уавæр æрбæстон кæнынæн бафыст æрцыд документ, уæддæр хицауад æмæ оппозицийы ‘хсæн цы быцæуаг фарстытæ сæвзæрд, уыдон нæ бантыст аскъуыддзаг кæнын. Бæрæг у, æмæ йæ реализаци нæ уыд «коллективон Ныгуылæны» пълæнтты, кæцыйы сæргъ сты Америкæйы Иугонд Штаттæ.
«Аккагдзинады революци» цыд националистон лозунгтимæ æмæ сæвзæрын кодта уæззау фæстиуджытæ канд Украинæйы нæ, фæлæ ма регионы æхсæнадæмон стабилондзинадæн тæссагдзинад. Хицауадмæ национал-радикалон тыхтæ куыддæр æрбацыдысты, афтæ райдыдта Украинæйы куыд суверенон паддзахады хипырхкæнынад.
2008 азы НАТО-йы Бухаресты саммиты уынаффæйæ райдайгæйæ, Уæрæсейæн иу æмæ дыууæ хатты нæ уыд фæлварæнтæ афтæ хуыйнæг ныгуылæйнаг партнерты хъуыдыйы онг бахæццæ кæнын, Украинæйы нейтралон статусæн ивæн кæй нæй æмæ Уæрæсейы интерестæ хынцын та кæй у æнæмæнг. Фæлæ рæстдзинад никæй фæндыд хъусын. Киев 8 азы дæргъы не ‘ххæст кодта Донбассы фæдыл Минскы бадзырд. Уый фæдыл фæстæдæр комкоммæ фехъусын кодтой европæйаг бæстæты раздæры сæргълæуджытæ, кæцытæ бахахх кодтой, æппæт уыдæттæ кæй цыдысты арæзт, цæмæй Киевы хицауадæн рæстæг уа Украинæ хæцæнгарзæй сифтонг кæнынæн, Уæрæсейы ныхмæ хæст расидынæн. Уый фæстиуджытæ – Украинæйы паддзахадаразæг фадгуыты æдзæллаг уавæр, мингай адæймæгты мæрдтæ, се ‘хсæн Донбассы цæрджытæ дæр. Æппæт уыдæттæ бакодтой уымæ, цæмæй Уæрæсейы ‘рдыгæй уагъд æрцæуа Сæрмагонд хæстон операци.
Дæ бæстæйы суверенитетæй уæлдæр куы сæвæрай æндæр бæстæты Уæрæсейы ныхмæ агрессивон политикæ, сæ политикон æмиуæдтæ æмæ хæстон альянстæ, уæд цы æвирхъау фæстиуджытæ вæййы, уымæн ирд дæнцæг у Украинæ. Киевы никуыд сты разы уыцы хъуыдыйыл, æмæ нæ Уæрæсейæ кæй нæй украинаг проблематикæйы фæдыл дзурын, уæлдайдæр, фарстытæ скъуыддзаг кæнын.
Украинæйы хицауады мæнгард архайдтытæ – Уæрæсейы ‘рдæм Ныгуылæны политикæйы здæхтытæй иу. Хъыгагæн, ацы хъуыддаджы хайад исынц бæстæтæ, кæцытæн æхсæнадæмон конфликтты рæстæджы нейтралитеты политикæ уыд сæ суверенитеты бындур æмæ æхсæнадæмон хъуыддæгты хайадисты сæ сæйрагдæр принцип.
Хуссар Ирыстон у «коллективон Ныгуылæн» цы иуполярон дунеарæзтад хъавы æрфидар кæнын, уый ныхмæ. Республикæ Хуссар Ирыстонæн ис æнгом ахастытæ Уæрæсейы Федерациимæ, æмæ Уæрæсейы хицауад цы уынаффæ рахаста Донбассы цæрджыты бахъахъхъæныны фæдыл, уый æвварс у Хуссар Ирыстон.
Ныфс дарæм, рæстдзинад кæй фæуæлахиз уыдзæн æмæ операцийы сæйраг хæстæ къухы кæй бафтдзысты.
Цхинвал, 2024 азы æртхъирæны мæйы 24-æм бон