Уæрæсейы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Сергей Лавровы арфæйы фыстæг Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсармæ райгуырæн боны цытæн

Ахсар Джиоев и Сергей Лавров

Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Сергей Лавров рарвыста арфæйы фыстæг Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсармæ райгуырæн боны цытæн.

Арфæйы дзырдæуы: «Цытджын Æхсар Мураты фырт,

Райс мын мæ зæрдæбын арфæтæ дæ райгуырæн боны цытæн!

Ацæугæ азы кæфты мæйы 3-æм бон Сочийы нæ фембæлд Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Гаглойты Алан æмæ демæ стыр æхцондзинадимæ лæууы мæ зæрдыл. Уыцы фембæлды рæстæджы уæлдай хатт бæрæг уыд нæ иухуызон ахаст дывæрсон æмархайд æмæ æхсæнадæмон боны фæткы фарстатæм.

Ныфс дарын нæ ахастытæ дарддæр кæныныл.

Нæ дипломатон уагдæтты иумæйаг архайд ахъаз кæй уыдзæн уæрæсейаг-ирон æмгуыстады райрæзт æмæ размæдзыдæн, уый мæ фидарæй уырны.

Мæ зæрдæ дын зæгъы фидар æнæниздзинад, амонд æмæ æгæрон тыхтæ».

06.03.2024