Арфæйы фыстæг Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Сергей Лавровмæ Дипломатон кусæджы боны цытæн

Ахсар Джиоев и Сергей Лавров

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар арвыста арфæйы фыстæг Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Сергей Лавровмæ профессионалон бæрæгбон –Дипломатон кусæджы боны цытæн, кæцы бæрæг цæуы æртхъирæны мæйы 10-æм бон.

Сæрмагондæй, фыстæджы дзырдæуы:

«Уæрæсейаг дипломатты кæддæриддæр хицæн кæны се ‘нувыддзинад бæстæйы интерестæ хъахъхъæнынмæ, бæрзонд профессионализм, бæрндзинад. Паддзахадон хъуыдыкæнынадимæ гоймæгты æнæхъæн фæлтæртæн дипломати ссис иугæнæг цæг.

Æхсæнадæмон зын уавæрмæ нæкæсгæйæ, Уæрæсейы æддагполитикон уагдоны кусджытæ абоны бон бæрнонæй æххæст кæнынц сæ профессионалон хæс сабырад æмæ хорз уæвынады хæрзиуæгæн.

Æхсæнадæмон аренæйы Хуссар Ирыстонæн æххуысы хъуыддагмæ уæрæсейаг дипломатийы хайбавæрд æгæрон у. Ныфс дарын, уæрæсейаг дипломаттæ дарддæр дæр æнтысджынæй кæй æххæст кæндзысты сæ разæй æвæрд хæстæ».

Дипломатон кусæджы боны цытæн ма Джиоты Æхсар арвыста арфæйы фыстæг Уæрæсейы Федерацийы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Республикæ Хуссар Ирыстоны Марат Кулахметовмæ.

 

09.02.2024