Новости

Archive
Встреча Президента Южной Осетии А. Гаглоева и Министра иностранных дел России С. Лаврова

Кæфты мæйы 3-æм боны Сочийы ацыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Гаглойты Аланы æмæ Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Сергей Лавровы фембæлд.

Фембæлды хайад райста Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар.

Дыууæ фарс дæр æрдзырдтой дывæрсон ахастыты регионалон æмæ æхсæнадæмон уæрæх фарстытыл.

Регионалон æдасдзинады фадыджы уæлдай хъусдард аздæхтæуыд Женевæйы дискусситы фæлгæтты Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады фæдыл темæмæ.

Встреча Президента Республики Южная Осетия А.Э. Гаглоева и Президента Республики Абхазия и А.Г. Бжания в расширенном формате

Рухæны мæйы 30-æм бон уæрæх форматы ацыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Гаглойты Аланы æмæ Республикæ Абхазы Президент Аслан Бжанияйы фембæлд.

Аслан Бжания раарфæ кодта Гаглойты Аланæн æмæ Хуссар Ирыстоны делегацийæн, уыимæ иумæ банысан кодта дыууæ æфсымæрон адæмы ‘хсæн сæвзæргæ ахастыты ахсджиагдзинад.

Торжественные мероприятия по случаю 30-й годовщины Дня Победы и Независимости Республики Абхазия

Рухæны мæйы 30-æм бон Президент Гаглойты Аланы сæргълæудæй Республикæ Хуссар Ирыстоны официалон делегаци хайад райста Республикæ Абхазы Уæлахизы æмæ Хæдбардзинады бонæй 30 азы рацыды цытæн бæрæгбонон мадзæлтты.

Хуссарирыстойнаг делегацийы сконды Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар.

Цытджын мадзæлттæ райдыдтой 1992-1993 азты Абхазы адæмы Фыдыбæстæйон хæсты фæмардуæвджыты Мемориалмæ дидинтæ сæвæрыны церемонийæ. Дидинтæ ма сæвæрдæуыд Абхазы Фыццаг Президент Владислав Ардзинбайы Мемориалмæ, кæцы ис хъæу Дæллаг Эшерайы.

А.М. Джиоев и И.Б. Ардзинба

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар раарфæ кодта Республикæ Абхазы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Инал Ардзинбайæн Республикæ Абхазы Уæлахизы Боны æмæ Хæдбардзинады цытæн.

Сæрмагондæй, арфæйы дзырдæуы:

«1993 азы рухæны мæйы 30-æм бон ссис абхазаг адæмæн стыр сгуыхтдзинады рæстæг. Æнæбасæтгæ национ ныфс, патриотизм æмæ æнгомдзинад равдисгæйæ, уыдонæн бантыст стыр фыдæбæттæ æмæ бирæ зиæнтты фæстæ ‘рыздахын сæ зæхмæ сабырад æмæ æнцойад.

Южная Осетия и Россия

2023 азы рухæны мæйы 26-29 бонты Мæскуыйы ацыд Хуссарирыстойнаг-уæрæсейаг иумæйаг демаркацион къамисы рабадт (дæлдæр- Иумæйаг къамис).

Иумæйаг къамис адарддæр кодта Республикæ Хуссар Ирыстоны æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн паддзахадон арæнæн æхсæнадæмон-барадон хуыз раттыны фæдыл куыст.

Фембæлд цыд сабырадон æмæ кæрæдзиæмбарынады уавæрты.

Иумæйаг къамисы радон рабадты æмгьуыд æмæ бынат бæрæг цæудзысты дипломатон каналты уылты.

 

А.М. Джиоев и И.Б. Ардзинба

Рухæны мæйы 29-æм бон Сухумы ацыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсары æмæ Абхазы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Инал Ардзинбайы фембæлд.

Джиоты Æхсар бузныджы ныхæстæ загъта ахæм хорз райсты тыххæй æмæ раарфæ кодта Абхазы адæмæн Фыдыбæстæйон хæсты Уæлахизы боны ‘рæввахс кæныны фæдыл. Абхазаг адæмæн йæ зæрдæ загъта сабырад, фæрныгад æмæ дарддæры æнтыстыты фæндиæгтæ.

Йæхи ‘рдыгæй Инал Ардзинба банысан кодта, абхазаг адæмæн ахæм ахсджиаг боны æфсымæрон Хуссар Ирыстоны делегацийы æрцыд цытджын мадзæлттæм уæлдай ахадгæ кæй у, уый.

МИД Южной Осетии

Нæ хъус æрдардтам Нью-Йорчы цæуæг ИНО-йы Генералон Ассамблейы 78-æм сессийы фæлгæтты гуырдзиаг хицауады сæрдар Ираклий Гарибашвилийы раныхасмæ. «Абхазаг æмæ ирон хотæ æмæ ‘фсымæртæм» сидгæйæ, уый банысан кодта, зæгъгæ, «нæ иудзинады ныхмæлæууæг- нæ иумæйаг знаг», афтæмæй ма радон хатт бавнæлдта «Гуырдзыстоны оккупацийы» темæмæ.

МИД Южной Осетии

Куыд рабæрæг, афтæмæй рухæны мæйы 19-æм бон сахар Дзæуджыхъæуы ацыд УФ-йы Базарадон-сæудæджерадон палатæйы цур Уæрæсейаг-Гуырдзиаг хъуыддагон советы рацæугæ рабадт, кæцы сырæзт 2023 азы æртхъирæны мæйы. Ацы мадзалы фæуды фæстæ кæцыдæр интернет фæрæзтæ фехъусын кодтой, ома, рабадты рæстæджы загъдæуыд «Хуссар Ирыстоны уылтыл фæндаг бакæныны» хъуыды. Уыимæ иумæ хъæуы банысан кæнын, Уæрæсейаг-Гуырдзиаг хъуыддагон советы официалон сайтыл ацы фарсты кой кæй нæй.

А.М. Джиоев и И.Б. Ардзинба

Республикæйы Боны цытæн Республикæ Абхазы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Инал Ардзинба рарвыста арфæйы фыстæг Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсармæ.

Сæрмагондæй, арфæйы дзырдæуы:

«Хуссар Ирыстон æнтысджынæй цæуы йæ паддзахад фидар кæныны, социалон-экономикон райрæзты фæндагыл. Ныффидаргонд хæларадон ахастытæ Республикæ Абхаз æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны ‘хсæн æнæрлæугæйæ размæ цæуынц.

Ныфс дарын, кæрæдзиæмбарынад, æууæнкыл бындуриуæг кæнгæйæ, дывæрсон абхазаг-хуссарирыстойнаг æмгуыстад дарддæр дæр кæй фидар кæндзæн».

 

А.М. Джиоев и В.В. Игнатьев

Республикæйы Боны цытæн Приднестроваг Молдаваг Республикæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Виталий Игнатьев рарвыста арфæйы фыстæг Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсармæ.

Сæрмагондæй, арфæйы дзырдæуы:

«Зындзинæдтæм æнæкæсгæйæ, Хуссар Ирыстоны адæм фидарæй хъахъхъæнынц Райгуырæн бæстæйы хæдбардзинад æмæ уый фæдыл ацы бæрæгбоны сæмбырд сты сæ хъæддыхдзинад æмæ лæгдзинад. Республикæйы Бон æнгом кæны йæ бæстæйы историйæн чи кад кæны, Фыдыбæстæйы райрæзтмæ, фидæны фæлтæрты фæрныгадмæ уæзгæ хайбавæрд чи хаста æмæ хæссы, æппæт уыдоны.

МИД Южной Осетии

Абон хуссарирыстойнаг адæм нысан кæнынц ахсджиаг бæрæгбон- Республикæ Хуссар Ирыстоны бон.

1990 азы рухæны мæйы 20-æм бон Хуссар-Ирыстойнаг автономон облæсты адæмон депутаттæ расидтысты Советон Цæдисы сконды Хуссар- Ирыстойнаг Советон Демократон Республикæ. Республикæйы расидт æппæтварсонæй дзуапп дæтта æхсæнадæмон-барадон нормæтæн æмæ Советон Цæдисы уæды рæстæджы архайæг закъæттæн. Ист æрцыд национ суверенитеты фæдыл деклараци æмæ бындуриуæг кодта нацийы хæдуагæвæрды бартыл- историон рæстдзинад сног кæнын, наци бахъахъхъæнын скуынæг кæнынæй.