Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты Мысæн боны охыл Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар арвыста нотæ Республикæ Абхазы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр О.М. Барцицмæ.
Сæрмагондæй, нотæйы дзырдæуы:
«33 азы размæ абхазаг адæмы бахъуыд гуырдзиаг фашизмы ныхмæ тугкалæн тохы слæууын. Æгъатыр хæстон архайдтыты фæстиуæгæн фæмард сты Абхазы мингай æнаххос цæрджытæ, пырхæнтæ фестадысты культурон æмæ историон цыртдзæвæнтæ.