1 октябры Республикæ Хуссар Ирыстоны делигацийы официалон визиты фæлгæтты Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Санахъоты Давидæн Республикæ Абхазы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады фембæлд уыдис Республикæ Абхазы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Вячеслав Чирикбаимæ. Фембæлды уыдысты Республикæ Абхазы Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон уавæрты æмæ Æххæстбарджын минæвар Боциты Олег æмæ Республикæ Абхазы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæдивæг Ираклий Хинтба.
Фембæлды рæстæджы уынаффæ цыдис Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы æмархайды перспективæтыл. Дыууæ фарсы дæр сæ фæнд загътой Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы ‘хсæн традицион хæларадон æмæ æфсымæрон ахастыты предметон политикон диалог дарддæр кæнынмæ цæттæдзинад, афтæ ма банысан кодтой дыууæ бæстæйы дипломатон уагдæтты ‘хсæн ахастытæ дарддæр рæзын æмæ арфдæр кæнынмæ тырнындзинад.
Зæрдыл лæууын кæнæм уый æмæ ацы бонты Абхазы уагъд кæй цæуынц Абхазы хæдбардзинады æмæ Фыдыбæстæйон хæсты адæмы уæлахизы 20 азы бæрæгбонон мадзæлттæ.
Цхинвал, 2013 азы 1 октябрь