Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарайнаг хъуыддæгды министрады хъусынгæнинаг

2010 азы 1 июны иуæй-иу дзыллон информацийы фæрæзтæ сæ ресурсытыл ралæвæрдтой цахæмдæр, цыма Хуссар Ирыстоны Президент Кокойты Э. йæ къух кæуыл æрфыста, ахæм хъусынгæнинаг.

Уый фæдыл Республикæ Хуссар Ирыстонæн Мæскуыйы цы минæварад ис, уымæ бахатыдис Израилы радиостанцтæй сæ иу, кæцы дызæрдыгдзинад равдыста ацы информацийы æцæгдзинады тыххæй, зæгъгæ, йын ис барæй арæзт провокацион характер æмæ бавдыста ацы мæнгдзинад æвдисæг оригиналы электронон верси.
Ацы «документ», æгæрстæмæй, уæлæнгай сахуыр кæнгæйæ дæр, цæстыты раз ирдæй зыны æххуырст пиаргæнджыты тынг мæгуырау гъæды куыст æмæ мæнгдзинад, æвдисы ныллæг æмвæзад, кæцы йæ райдианæй йæ кæронмæ сау технологиты фæрцы у инсинуации æмæ чъизи, æрымысæккаг. Цæмæй нæ уый бауырна, уый тыххæй фаг у æмæ æркæсæм Хуссар Ирыстоны гербы нывмæ, кæцыран ирдæй зынынц, орфографион характер кæмæн ис, дыууæ ахæм гуымир рæдыды, паддзахады сæргълæууæджы мæнг къухфыстыл куынæуал дзурæм, уæддæр, кæцытæн ис сæрмагонд бланк.

Æмæ титулон фыстыл дзырд куы цæуа, уæд дзы нæ бæстæйы номы бæсты дзырдбаст «Юная Осетия» æмæ æнæмбæрст дзырд «президнт» кæй ис, уымæ гæсгæ йæ нæ бон у æмæ ахæссæм, чи йæ сæххæст кодта, уыдоны зонындзинæдты ныллæг æмвæзадмæ…

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсæрайнаг хъуыддæгты министрад ацы акт нымайы, гуымир, мæгуырау фальшивкæйыл, кæцыйæн йæ нысан у Хуссар Ирыстоны къухдариуæгады дискредитацимæ, дунеон конфликты стухын.

Стыр хъыгагæн нæ банысан кæнын хъæуы уый, æмæ нырма кæй ис ахæм дзыллон информацийы фæрæзтæ, кæцытæ ма сæ ныфс хæссынц сæ фæрстыл уæлдæр цы æрмæджы кой скодтам, ахæмтæ мыхуыр кæнынмæ æмæ ахæм æнæзæрдæмæдзæугæ митæ цыма æцæг цыма сты, ахæмæй сæ æвдисынмæ.

Æнæнхъæлæджы нæу ахæм хъуыддаг дæр æмæ ацы æрымысæггаг хъуыддаджы тыххæй æрмæг уатагъддæр кæй бахъуыдис гуырдзиæгты `вварс чи у, ахæм сайттæй сæ иуыл, кæцы фыццаг хатт нæ ныммыхуыр кодта Хуссар Ирыстоны ситуацийы тыххæй тенденциозон информации.

Хуссар Ирыстоны тыххæй ма ахæм провокацитæ, гæнæн ис æмæ дарддæр кæной. Уымæ гæсгæ РХИ Фæсарайнаг Хъуыддæгты Министрад сиды æппæт массмедиайы, регионы процессты тыххæй чи фыссы, уыдоны минæвæрттæм, цæмæй уой тынг къæрцхъус æмæ ма бахауой ангажиргонд дызæрдыккаг дзыллон информациты компанимæ.

Цхинвал, 1 июнь, 2010 аз

16.06.2010