2013 азы 1 августы, мысæн æмæ фыдохы боны Тирасполы уагъд æрцыдысты саударæн мадзæлттæ, Днестрыл республикæ хъахъхъæнгæйæ гарзджын конфликты рæстæджы фæмардуæвджыты цытæн. Традицимæ гæсгæ Кады Мемориалыл уагъд æрцыдис митинг-реквием æмæ йыл сæвæрдтой дидинджытæ. Митингы хайад истой Хицауады Сæрдар æмæ уæнгтæ, Сæйраг Советы Сæрдар æмæ депутаттæ, Президенты Администрацийы минæвæрттæ, министрадтæ æмæ уагдæтты къухдариуæггæнджытæ, афтæ ма æхсæнадон æмæ патриотикон организацитæ.
Республикæ Хуссар Ирыстоны дипломатон миссийы ‘рдыгæй мысæн мадзæлтты хайад райста Республикæ Хуссар Ирыстоны Приднестровьейы Официалон Минæварады Сæргълæууæг Сураго Сергей.
Уыцы бон ма Сураго Сергей фембæлдис Приднестроваг Молдоваг Республикæйы хицауады закъондæттынадон æмæ æххæсткæнынадон къабазты минæвæрттимæ.
Тирасполь, 2013 азы 1 август