УФ Æдасдзинадады Федералон Службæйы РХИ Арæнгæрон Управленийы Хистæры арфæйы тел

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæнйаг хъуыддæгты министрады сырæзты бон цытджын æгъдауæй нысан кæй цæуы, уымæ гæсгæ Уæрæсийы Æдасдзинады Федералон службæйы хистæр Мурзин Алексей Михаилы фырт арфæйы тел арвыста Республикæ Хуссар Ирыстоны фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Муратмæ.

Телыдзырд цæуы:

«Кæцыфæнды бæстæйы æддагполитикон уагдон ахсы сæйраг ролтæй иу. Дипломаты арæхсджын æмæ ахъыдыгондæй райстгонд унаффæтыл хатт баст вæййы æнæхъæн адæмы фидæн.

Ацы бон дын Республикæ хуссар Ирыстоны уæвæг Уæрæсейы Æдасдзинады федералон службæйы Арæнгæрон управленийы сæрмагонд сконды æмæ сæрмагондæй мæхи номæй арфæ кæнын Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады сырæзты боны цытæн. Дæуæн æмæ дæ номæй Хуссар Ирыстоны Фæсарйнаг хъуыддæгты министрады кусджытæн мæ зæрдæ зæгъы фидар æнæниздзинад, амонд, хæрзиуæгон хъуыддæгтæ æмæ уæ сæрмæ сабырадон арв куыд уа, ахæм фæндиæгтæ. Æнтыстытæ дын уæт дæ хæрзиуæгон хъуыддаджы».

РХИ Фæсарйнаг хъуыддæгты министрады
пресс-службæ

28.05.2010