Хуссар Ирыстоны УФ Чрезвычайон æмæ Æххæстбарджын Минæвар арфæйы тел

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæнйаг хъуыддæгты министрады сырæзты бон цытджын æгъдауæй нысан кæй цæуы, уымæ гæсгæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацицы Чрезвычайон æмæ Æххæстбарджын минæвар Хъæрдзинаты Эльбрус арфæйы тел арвыста Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты Министрады коллективмæ.

Телы дзырд цæуы: «Уемæ мын ме `дзухон архайд бар дæтты афтæ зæгъынæн æмæ сымахæн уæ бон бацис дунеон изоляцийы профессионалонæй чи аразы, ахæм коллектив саразын.

Банымæг хæсты æртхутæг æмæ нæ ныфс ис, уый кæй никуыуал фæзындзæнис ирон зæххыл. Ныллæууыдысты сфæлдыстады, нырыккон фæлтæрæн аккаг царды разæууæлтæ чи сараздзæнис, ахæм рæстæг. Цæголты Георгийы загъдау, «саст æрцыдис дæллаг галы æфсондз æмæ амæрзт æрцыд æнæхъæнæй сау бонты цы рыг бæмбырд, уый». Нæ зæрдæ уын зæгъы, цæмæй фидарзæрдæйæ архайат нæ иумиаг хъуыддагыл – барадон æмæ номдзыд Хуссар Ирыстон арæзтадыл, Кавказы æппæтиумиаг хæрзиуæгады сæраппонд.

Ма уæ рох кæнæт, уæ рæсугъд Райгуырæн бæстæйы æндидзын кæныны хъуыддаджы мах кæддæриддæр уемæ кæй уыдзыстæм!».

РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады
пресс-службæ

01.06.2010