БНО Генералон Ассамблейы 67-æм пленарон рабадт лигъдæтты æмæ рæстæгмæ иу ранæй иннæ ранмæ æвæндонæй йæ цæрæн бынат чи аивта, уыдон тыххæй Гуырдзыстон цы резолюцийы проект райста, уый фæдыл
2009 азæй райдайгæйæ Гуырдзыстон æрвылаз дæр БНО Генералон Ассамблейы сессимæ рахæссы Абхазæй æмæ Хуссар Ирыстонæй лигъдонты æмæ рæстæгмæ иу ранæй иннæ ранмæ йæ цæрæн бынат чи аивта, уыдон тыххæй резолюцийы проект. Ахæм радон резолюци та хаст цæуы БНО Генералон ассамблейы 67-æм пленарон рабадтмæ дæр.
Гуырдзыстойнаг фарс гуманитарон проблематикæйы сидты ‘фсон архайы, цæмæй дунеон æмæхсæнадыл ныббæдта лигъдонты тыххæй йæхи сæрмагонд, бынтондæр сзыгъуыммæгондæй кæй уындæуы, уыцы проблемæ æмæ уымæй сфидардæр кæна Хуссар Ирыстоны æмæ Абхазы суверенон паддзахадты территоритыл æнæбындур даутæ.
Резолюцийы проекты автортæ ницы дзурынц уый тыххæй æмæ лигъдæтты æмæ рæстæгмæ иу ранæй иннæ ранмæ йæ цæрæн бынат чи аивта, уыдон тыххæй бавдыстгонд проект комкоммæдæр баст кæй у, гуырдзиаг хицауады ‘рдыгæй уагъд чи цæуы æмæ 1989-1992, 1992-1993, 2001, 2004 æмæ 2008 азты Хуссар Ирыстоны æмæ Абхазы ныхмæ цы хæстытæ райдыдтой, уыдон комкоммæдæр гуырдзиаг хицауад кæй æххæст кодта, уыцы политикæимæ.
Резолюцийы проекты ницы дзырдæуы уый тыххæй дæр æмæ сæдæ мин иронæй фылдæр этникон асыгъдæг кæныны фæстиуæгæн Гуырдзыстоны территорийы кæй фæлыгъдысты æмæ хибааууонгæнæн бынат Хуссар Ирыстоны æмæ Уæрæсейы Федерацийы кæй ссардтой. Ницы зæгъынц, Ленингоры районы æппæт лигъдæтты, сæ нацимæ сын нæ кæсгæйæ сæ æдзухон цæрæн бынæттæм раздахыны тыххæй Хуссар Ирыстоны инициативæйы тыххæй. Гуырдзиаг резолюцийы проекты ма бынтондæр ницæмæ дардæуы, Абхазы инициативæйы гуырдзыстойнаг лигъдæттæ фæстæмæ Абхазы Галы районмæ кæй æрæздæхтысты, уый тыххæй.
Резолюцийы проекты, канд сæвзæргæ политикон реалитæ, сæрмагондæй та ахæм уавæр æмæ Хуссар Ирыстон æмæ Абхаз кæй сты хæдбар паддзахадтæ, фæлæ ма йын иумиагæй ницы ис вазыгджын гуманитарон проблемæтæ скъуыддзаг кæнынмæ æцæгæй тырнындзинадимæ дæр.
Ахæм резолюци, кæд Гуырдзыстоны бавдыстгонд проект ист æрцæуа, уæд уый проблемæ скъуыддзаг кæныныл тынг æвæрццагæй бандавдзæнис Женевæйы дискусситы цыдыл æмæ фехалдзæнис Хуссар Ирыстоны, Абхазы æмæ Гуырдзыстоны ‘хсæн кæрæдзийыл æууæндындзинад сæндидзын кæныны хъуыддаг.
Лигъдæтты проблемæтæ скъуыддзаг кæныны сæйраг рахæцæн пропагандистон эффекты ‘нхъæлцæй хинмитыл схæцын нæу, фæлæ конфронтацион хъуыддæгтæй иуварс ахæцын æмæ тыхæй ма спайда кæныны фæдыл юридикон æгъдауæй хæсджынгæнæг фидыдыл къухтæ ‘рфыссын æмæ кæройнаг фæстиуæджытæ та Гуырдзыстоны æмæ Абхазы ‘хсæн сабырадон бадзырд саразын.
Цхинвал, 2013 азы 13 июнь