УФ РХИ Чрезвычайон æмæ Æххæстбарджын Минæвары тел

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæнйаг хъуыддæгты министрады сырæзты бон цытджын æгъдауæй нысан кæй цæуы, уымæ гæсгæ РХИ Чрезвычайон æмæ Æххæстбарджын Минæвар УФ Медойты Димитр арфæйы тел арвыста Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Муратмæ.
Телеграммæйы дзырд цæуы: «Куыд Республикæ Хуссар Ирыстоны æттагполитикон ведомствойы сырæзты хайадисджытæй сæ иу, афтæ мын тынг æхсызгон у, Дæуæн, цытджын Мурат Кузьмайы фырт æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты миниситры системæйы æппæт æмкусджытæн стыр бузныг æвæллайгæ ахадæн куысты, Хуссар Ирыстоны æрвылбонон архайды тыххæй, кæцы здæхт у хуссариирыстойнаг сабырабон паддзахады æттагполитикон рæзтæн оптималон уавæртæ саразынмæ.

1992 азы 28 –æм бон Хуссар Ирыстоны паддзахдзинады историмæ бацыдис, куыд хуссарирыстойнаг дипломатимæ æмæ æнæфæхинцгæнгæйæ баст у нæ адæмы историйы иууыл нысаниуæгджындæр цаутимæ.

Ацы нымæц, æнæгуырысхойæ, у адæймæгты чи иу кæны, ахæм вазыгджын, бирæфарсон профессии, кæцытæ сæхи æххæстæй радтой фыдыбæстæйы интерестæ хъахъхъæнынæн паддзахады фхæм вазыгджын къабазы, цахæм сты дунеон ахастытæ.

Уæрæсейы Федераци Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон хæдбардзинад кæй банымадта, уый ахсджиаг этап у Хуссар Ирыстоны æттагполитикон ведомствойы, кæцы бирæбæрцæй баст у ирон адæмы æмæ республикæйы фидæн.

Фидарæй мæ уырны, нæ бæрзонд профессионализм æмæ профессийыл æнувындзинад уын дарддæр дæр фадат кæй растдзæнис Республикæ Хуссар Ирыстоны националон-паддзахадон интерестæ, æмткæй дунеон аренæйы реализации кæнынæн, нæ паддзахады сабырадон уæлахизтæ æмæ æнтыстытæ бахъахъхъæнын æмæ фылдæр кæныны фадат».

РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады
пресс-службæ

01.06.2010