РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры дзуапп 1992 азы 23 майы РХИ паддзахадон хæдбардзинады Акт ист кæй æрцыдис, уый тыххæй ИА «РЕС»-æн

Фарст: 1992 азы 29 майы Республикæ Хуссар Ирыстоны Сæйраг Совет радта Республикæ Хуссар ирыстоны паддзахадон хæдбардзининыды Акт. Цахæм нысаниуæг уыдис ацы Актæн нæ Республикæйы хæдбардзинад банымайыны хъуыддыджы.

Дзуапп: 1992 азы 29 бон Республикæ Хуссар Ирыстоны азфысты историмæ бацыдис, куыд иууыл ахсджиагдæр бонтæй сæ иу, афтæ. Уыцы бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Сæйраг Совет райста хæдбардзинады Акт æмæ уымæй загъта, раздæры ССРЦ территорийыл арæзт кæй æрцыдис иу хæдбар паддзахад.
Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады Акт райсын агъонмæ цыдис Хуссар Ирыстоны адæмы дæргъвæтин тох Гуырдзыстоны хæстон агрессии æмæ гуырдзиаг национализммæ, кæцытæ сæ разы равæрдтой ирæтты физикон æгъдауæй скуынæг кæныны кæнæ сæ сæ райгуырæн зæххæй бынтондæр фæсурыны нысан, афтæ ма цыдис фæдфæдвылон æгъдауæй раст ахъуыдыгонд юридикон кахдзæфтæ аразыныл, цæмæй адæмы фæндондзинад хынцгæйæ, барадон æгъдауыл арæзт æрцыдаит паддзахад.

1992 азы 19 январы ауагъдгонд референдумы, Хуссар Ирыстоны адæм сæ фæндон загътой хæдбардзинады тыххæй æмæ банысан кодтой фидæны ирд ориентиртæ. Адæмы ахæм фæндондзинад бафидаргонд æрцыдис 2006 азы референдумы Республикæ Хуссар Ирыстоны Конституцийы райстæй.
Республикæ Хуссар Ирыстоны æппæт йæ уæвынадæй сбæлвырд кодта уый æмæ кæй у чи сырæзтис, ахæм паддзахад, кæцы тырны йæ сыхæгтимæ æмæ дунеон æмæхсæнадимæ сабырадон æмæ æмбар ахастыты цæрынмæ, паддзахад; кæцыты уагъд цæуынц демократион рацарæзт æмæ социалон реформæтæ; паддзахад, кæцыйæн ис территории, цæрджытæ, эффективон хицауад.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæрæсийы Федерации æмæ æндæр паддзахадтæ кæй банымадтой, РХИ дунеон ахастыты бадзырдон-барадон базæ кæй рæзы, уый адæммæ æвзæрын кæны ахæм уырнындзинад æмæ дунеон æмæхсæнады бæстæты `хсæн кæй ахсдзæнис æмбар цахæм бынат æм æбæлы, ахæм.

25.06.2010