Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады пресс-службæйы хъусынгæнинаг

2013 азы 17 майы Женевайы дискусситы хайадисæг хуссарирыстойнаг делегацийæн Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинад æрбæстон кæныны фæдыл Президенты Æххæстбарджын Минæвар Джиоты Мураты сæргълæудæй Цхинвалы фембæлдысты Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады фæдыл Женевайы дискусситы æмсæрдæрттæ ЕЦ, ЕЦÆО æмæ БНО-йы æмсæрдæрттимæ.

Ныхасы рæстæджы дыууæ ‘рдыгæй фарс дæр æруынаффæ кодтой 2013 азы июны кæронуагъд чи хъуамæ ‘рцæуа Женевайы, уыцы радон дискусситы боны фæткыл. Фембæлды хайадисджытæ Женевайы дискусситы фæлгæтты эффективондæр æмæ продуктивондæр фæстиуджытæ къухты бафтын кæныны сæраппонд æркастысты æмæ æвзæрстой уынаффæйы æндæр æмæ æндæр форматтæ.

Ногæй банысан æрцыдис, зæгъгæ, Хуссар Ирыстонæн сæйраг фарстатæ баззадис регионы æдасдзинад æмæ Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы ныхмæ Гуырдзыстон тыхæй цæмæй ма спайда кæна, уый тыххæй документ бацæттæ кæнын.

Фембæлды ма уынаффæ цыдис хуссарирыстойнаг-гуырдзиаг арæны районы инциденттæ ма ‘руадзыны æмæ сæ æнæхъусдард ма ныууадзыны иумиаг Механизмты (МПРИ) фæлгæтты архайдыл, цæттæ кæй сты иумиаг арæны демаркаци æмæ делимитаци кæныны иумиаг къамисы æмкуыст кæнынмæ.

Хуссарирыстойнаг фарс ногæй йæ хъусдард аздæхта Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæй æбæрæгæй чи фесæфтысты, афтæ ма политикон мотивтæм гæсгæ Гуырдзыстоны тæрхонгæнджытæ æнæзакъонон тæрхон кæуыл скодтой, уыдоны хъысмæтыл, ахстыты кæрæдзийыл баивыны гæнæнуæвæг фарстытæм.

Визиты рæстæджы Женевайы дискусситы Æмсæрдæрттæ федтой Зонкъары донæмбырдгæнæн æмæ 18 маймæ та плангонд æрцыдис сæ балц РХИ Ленингоры районмæ.

Цхинвал, 2013 аз 17 май

 

30.05.2013