Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады пресс-службæйы хъусынгæнинаг

2013 азы 13 марты Республикæ Хуссар Ирыстоны кусæгон балцимæ уыдис Женевæйы дунеон дискусситы Æмсæрдæртты делегаци. Делегацийы Цхинвалы сæхимæ райстой Республикæ Хуссар Ирыстоны къухдариуæгады минæвæрттæ фæсконфликт æрбæстон кæныны фæдыл Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты Æххæстбарджын Минæвар Джиоты М.К. сæргълæудæй.

Ныхасы рæстæджы дыууæ фарсы æруынаффæ кодтой, 2013 азы 26-27 марты нысангонд чи у Женевæйы уыцы дискусситæм бацæттæ кæнын æмæ сæ ауадзыны радон раунды фæдыл. Афтæ ма æркастæуыдис дискусситы хайадисджыты хъусынгæнинаджы проектмæ тыхæй ма спайда кæныны принциптыл сæ иузæрдиондзинады тыххæй, кæцы хъуамæ суа тыхæй ма спайда кæныны фæндагмæ æхсæйнаг къахдзæф стыр юридикон хæсджынгæнæг дывæрсыг фидыдыл къухтæ æрфыссынæн.

Фембæлды хайадисджытæ ныфсдзинад загътой сæ къухты æнтыст кæй бафтдзæнис Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæй æбæрæгæй чи фесæфтис æмæ Гуырдзыстоны тæрхондæтты æнæзакъонон тæрхон кæуыл скуыдтой, уыдон агурыны хъуыддаджы.

Визиты цыды рæстæджы Женевæйы дискусситы Æмсæрдæрттæ фембæлдысты националон диаспораты минæвæрттимæ æмæ ма федтой Знауры донæмбырдгæнæн дæр.

Цхинвал, 2013 азы 13 март

 

13.03.2013