Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады пресс-службæйы хъусынгæнинаг

2013 азы 21 февралы Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Санахъоты Д. Г. Мæскуымæ йæ кусæгон балцы рæстæджы фембæлдис Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæдивæг, статс-секретарь Г. Б. Карасинимæ. Фембæлды ма уыдис РХИ Президенты Æххæстбарджын Минæвар Джиоты М. К.

Ныхасы рæстæджы уынаффæ цыдис Уæрæсейы Федераци æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны ‘хсæн дывæрсыг ахастыты актуалон фарстытæ æмæ Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады фæдыл Женевæйаг дискусситы цы уавæр ис, уыимæ баст фастытæ дæр.

Фембæлды уæрæсейаг фарс радон хатт банысан кодта, зæгъгæ, Уæрæсе Хуссар Ирыстон æмæ Абхазмæ ахастыты нæ фæнд кæны йæ позици фæивын, æмæ уыцы позици та бафидаргонд æрцыдис, 2013 азы 12 февралы В. В. Путин кæй сфидар кодта, Уæрæсейы Федерацийы уыцы æддагон политикæйы ног Концепцийы. Концепцийы 51-æм уацы сæрмагондæй дзырд цæуы, зæгъгæ, «уæрæсейаг приоритетты нымæцы дарддæр дæр баззадис Республикæ Абхаз æмæ Республикæ Хуссар Ирыстонæн ахъаз кæнын, цæмæй сæ къахыл слæууой, куыд нырыккон демократон паддзахадтæ, афтæ, сæ дунеон позициты фидар кæнын æмæ социалон-экономикон æдасдзинад ифтонг кæнынæн æххуыс».

г. Цхинвал, 2013 азы 25 февраль

 

25.02.2013