25 январы фæсконфликтон ситуаци æрбæстон кæныны фæдыл Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты Æххæстбарджын Минæвар Джиоты М.К. æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Санахъоты Д.Г. фембæлд уыдис Фæскавказы Æдасдзинад æмæ стабилондзинады фæдыл Женевæйы дискусситы Æмсæрдæрттимæ: Хуссар Кавказы æмæ Гуырдзыстоны кризисон фарстаты фæдыл ЕЦ сæрмагонд минæвар Филипп Лефоримæ, БНО сæрмагонд минæвар Анти Туруненимæ æмæ ОБСЕ æмсæрдар Андре Дешицимæ.
Ныхасы рæстæджы дыууæ фарсы дæр æруынаффæ кодтой Женевайы дискусситы радон раунд ауадзынмæ бацæттæ кæныны фарстатыл, кæцыран традиционæй ахсджиаг бынат ахсынц Фæскавказы æдасдзинады æмæ гуманитарон характер кæмæн ис, уыцы фарстатæ.
Фембæлды хайадисджытæ Женевæйы дискусситы фæлгæтты фарстатыл æруынаффæ кодтой йæ форматмæ йын алыгъуызон балæудтыты фæдыл, цæмæй фембæлды фæстиуджытæ суой эффективондæр æмæ продуктивондæр.
Ногæй та банысан æрцыдис, зæгъгæ, Хуссар Ирыстонæн сæйраг фарстайæ фæстæмæ баззадис регионы æдасдзинад æмæ тыхæй ма спайда кæныны юридикон æгъдауæй хæсджынгæнæг фидыдыл къухтæ ‘рфыссыны та хъуамæ суа ацы фембæлдтыты бындурон фæстиуæг.
Фембæлды рæстæджы ма уынаффæ цыдис иумиаг механизмты фæлгæтты архайды гуырдзиаг–ирон арæныл инциденттæ ма ‘руадзын æмæ сæм афоныл хъус æрдарыны фарст, банысан æрцыдис инциденттæн афоныл адекватон реакци аразыны хъуыддаг.
Хуссарирыстоны ‘рдыгæй фарс уæлдай тынгдæр акцент арæзт æрцыдис æбæрæгæй чи фесæфтысты, афтæ ма æнæзакъонæй политикон мотивтæм гæсгæ тæрхон кæуыл æрцыдис Хуссар Ирыстоны уыцы æмбæстæгты тыххæй фарстыл. Хуссарирыстойнаг делегациты сæргълæууæг Джиоты Мурат хъыгдзинадимæ загъта, зæгъгæ, Гуырдзыстоны амнисти цы сæдæгай политахæстонтæн сарæзтой,уыдон æхсæн иунæг дæр нæй Республикæ Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæй.
Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады фæдыл Женевæйы дискусситы радон раунд уагъд æрцæудзæнис 2013 азы 26-27 марты, кæцыйы хуссарирыстойнаг фарс дарддæр кæндзæнис конструктивон архайд.
Цхинвал, 2013 азы 25 январь