26 августа Республика Южная Осетия отмечает 4-ую годовщину признания независимости Республики Южная Осетия Российской Федерацией. Этот день в новейшей истории осетинского народа, безусловно, является знаменательной и переломной датой. Решение о признание государственной независимости Республики Южная Осетия было продиктовано многолетней национально-освободительной борьбой за самосохранение и реализацию права нашего народа на национальную государственность, начиная с 1989 года.
26 августы Республикӕ Хуссар Ирыстон нысан кӕны Уӕрӕсейы Федераци Республикӕ Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинад куы банымадта, ууыл цыппар азы сӕххӕсты бон. Уыцы бон ирон адӕмы иууыл ногдӕр историйы ӕнӕмӕнгдӕр у нысаниуӕгджын ӕмӕ дугивæн бон. Республикӕ Хуссар Ирыстоны паддзахадон банымады тыххӕй уынаффӕ амынд ӕрцыдис бирӕазон националон-сӕрибаргӕнӕг тохы хибахъахъхъӕнын ӕмӕ, 1989 азӕй райдайгӕйӕ, националон паддзахиуӕгады нӕ адӕмы бартӕ реализации кӕныны сӕраппонд.
20 азы дӕргъы Республикӕ Хуссар Ирыстон уӕвынад кодта, эффективонӕй йӕ территорийыл чи контроль кодта ӕмӕ ӕппӕт паддзахадон функцитӕ чи ‘ххӕст кодта, ахӕм барадон паддзахадӕй. Республикӕ Хуссар Ирыстоны адӕм ӕртӕ хаты, 1992, 2001 ӕмӕ 2006 азты референдумты, бабӕлвырд кодтой хӕдбардзинадмӕ сӕ тырнындзинад. 1989-2008 азты Ирыстонмӕ ахасты цы агрессивон этникон сыгъдæггæнæнтæ ӕмӕ геноцид ӕххӕст кодта, уыдон сӕ фӕдыл расайдтой мингай адӕймӕгты мӕлӕт ӕмӕ хъизӕмӕрттӕ.
Цы гуманитарон катастрофæ ӕрцыд, уый фӕстиуӕгӕн Хуссар Ирыстонӕй ӕмӕ Гуырдзыстонӕй сӕдӕ дыууын мин ироны систы лигъдӕттӕ.
Террор паддзахадон политикӕйы æмвæзадмæ скӕнгӕйӕ ӕмӕ Хуссар Ирыстонимӕ ахастытӕ тыхы фӕрцы аскуыдзаг кӕныны курсыл ныллӕугӕйӕ, Гуырдзыстон, 1992 азы Сочийы гуырдзиаг-ирон конфликт ӕрбӕстон кӕныны фӕдыл сразыдзинӕдтӕ фехалгӕйӕ, 2008 азы 7 августы Хуссар Ирыстоны ныхмæ æппæт тыхтæй дæр спайда кæнгæйæ, радон хатт сæххæст кодта хæстон агресси «Сыгъдæг быдыр», зæгъгæ, ахæм æмбæхст номимæ. Гуырдзиаг æфсад сабыр цæрæг адæмы ныхмæ æххæст кодта варварон методтæй æмæ нын нæ адæмæн æрхаста бирæ уды зиæнттæ æмæ хъизæмæрттæ. Хуссар Ирыстонмæ варварон æрбабырсты планæн йæ нысан уыди Хуссар Ирыстоны уæвæг уæрæсейаг фидауынгæнджыты базæ скуынæг кæнын æмæ сæрибардзинады охыл сæ бартæ, адæмаджы кад æмæ царды бартæ чи хъахъхъæнынц, уыцы æнæсæттон ирæтты зæххы цъарæй фесафын. Гуырдзыстоны президент райст æбæрн æмæ фыдракæндон уынаффæ - йæ хæстон дæлхæйттæ цыдæриддæр хæстон тыхтæ æрымбырд кодтой, уыдонæй спайда кæнгæйæ, сабыр цæрæг Цхинвалмæ бабырсын кодта. Гуырдзиаг ракетæтæ æмæ сармадзанты æхсты цæхæры бахаудтой æндæр æмæ æндæр, уыцы нымæцы гуырдзиаг нациты минæвæрттæ дæр мингæйттæй. Гуырдзиаг къухдариуæгады тугæйдзаг акциты фæстиуæгæн мард фесты сæдæгай адæймæгтæ - Уæрæсейы фидауынгæнджытæ, Хуссар Ирыстоны хуымæтæг цæрджытæ, журналисттæ. Дуне æмæ адæймагдзинады ныхмæ ацы фыдракæндæн хатыр нæй æмæ нæдæр уыдзæнис.
Æрмæстдæр ирон хæстонты æмæ фидауынгæнджыты æнæфенгæ хъайтардзинад, Хуссар Ирыстоны хъахъхъæнæг чи слæууыд, Уæрæсейы уыцы уæндон архайдтытæ æмæ йын йæ суверинитет чи банымадта, уыдоны фæрцы æрцыдысты иуварс ноджы тæссагдæр фæстиуджытæ æмæ нæ адæмы æххæстæй скуынæг кæныны хъуыддаг.
2008 азы 26 августы Уæрæсейы Федераци Хуссар Ирыстоны хæдбар паддзахадыл кæй банымадта, уый ссис историон рæстдзинады акт æмæ Уæрæсейы къухдариуæгады иунæг-иу раст уынаффæ. Ацы уынаффæ у Хуссар Ирыстоны сабырад, хуссарирыстойнаг паддзахады стабилон рæзт æмæ йæ адæмы бахъахъхъæныны гарант.
Ацæугæ цыппар азы фаг рæстæг сты, цæмæй бафидаргонд æрцæуа, 2008 азы августы Уæрæсе гуырдзиаг къухдариуæгады фыдракæндон авантюрæтæн дзуаппæн райсгæ хъысмæтхæссæг уынаффæтæ раст кæй сты, уый.
Республикæ Хуссар Ирыстонæн Уæрæсейы æфсымæрон æххуысыл æнцой кæнгæйæ, фæстаг дыууæ дæс азы дæргъы ис, йæ хисæрмагонд паддзахады стабилон æмæ æдасæй паддзахиуæгад рæзын кæныны, хæдбар социалон, экономикон æмæ культурон рæзты, æххæстæй дунеон барадон субъективондзинад къухты бафтыны фадат, тырны иууыл хæлардæр, кæрæдзийæн пайда чи сты, ахæм ахастытæ саразынмæ, кæцытæ, куыд Хуссар Ирыстонæн, афтæ сæ хъуыдыты ис мидæггагон æмæ æддагон политикæйы суверенондзинад сифтонг кæнын ИНО-йы Устав æмæ Адæймаджы Барты Дунеон декларациты, адæймаджы барты фæдыл Европæйаг конвенцийы æмæ æндæр бындурæвæрæг дунеон документтыл æнцой кæнгæйæ.
Хуссар Ирыстоны кæддæриддæр бузныгдзинады æнкъарæнтимæ мысдзысты ирон æмæ уæрæсейаг салдаттæ æмæ афицерты сгуыхтдзинæдтæ, æппæт, чидæриддæр слæууыдис ирон адæмы фарсмæ æмæ йæ цард нæ Райгуырæн бæстæйы сæраппонд чи радта, уыдон рухс нæмттæ.
Цхинвал, 2012 азы 25 август